Змейкæйы цæрджытæ сбæрæг кодтой станицæйы 170 азы юбилей
Змейкæйы станицæйы цæрджытæ бæрæг кодтой сæ хъæуы 170 азы юбилей. Бæрæгбоны мадзæлттæ сарæзтой сæйраг уынджы. Адæм иууылдæр циндзинады фæдыл æрбамбырд сты. Сæ фарсмæ æрбалæууыдысты кадджын уазджытæ дæр. Ацы бон ма уæлдай ахсджиаг рауад. Юбилейы агъоммæ базылдысты Змейкæйы сæйраг аллейæмæ. Бынæттон цæрджытæ сарæзтой хъæууон хæдзарадон армукъа. Змейкæйы станицæйы сæйраг уынджы абон æрбамбырд бирæ адæм. Стыр бæрæгбон - рагон станицæйы 170 азы юбилейы фæдыл ардæм саккаг кодтой бирæ кадджын уазджытæ. Цымыдисаг программæ æмæ адæмы хъæлдзæг ныхасы ахаст. Хъæлдзæг бæрæгбонæн æвдисæн уыдыстынæ республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз дæр, йемæ ма Кировы районы разамынды уæнгтæ, æхсæнадон архайджытæ æмæ хъæуы цæрджытæ афтæмæй. Хетæгкаты Къостайы номыл бюст байгом кæнынмæ хъæцы цæрджытæ æнхъæлмæ кастыты рагæй. Юбилейы агъоммæ базылдысты Змейкæйы сæйраг аллеймæ. Баивтой фæндаджы уæлцъар, сифтонг æй кодтой бандæттæй æмæ рухсдæттæн системæйæ. Куыстытæ ацыдысты программæ «Æнцонвадаты царды архайды» фæлгæты. Хæрзад дыргътæ, халсартæ, æхсырæй конд продукци, дзидза. æмæ бæлæсты талатæ. Адæм сæхи æрмукъамæ иттæг хорз бацæттæ кодтой. Цæрджытæн ам сæ бон уыд алцыдæр балхæнын асламæй. Хъазахъхъаг зарджыты къорд дæр байгом кодта хи кæрт. Алы уазæджы дæр зæрдæргъæвдæй айстой. Хъæлдзæгæй кафыдысты, сæйрагдæр та- зарыдысты зарджытæ. Концертон программæйы размæ хъæуы цæрджытæн сæ хуыздæрты Тускъаты Таймураз схорзæхджын кодта кады гæххæттытæй. Хъæууон хæдзарадмæ, ахуырад æмæ медицинæмæ стыр æвæрæн чи бахаста, уыцы курдиатджын адæм дæр рохуаты нæ баззадысты. Се ’хсæн Дудайты Верæ, Саулохты Терезæ, Баситы Нелли, Хуыбылты Виталий, Козаты Галинæ æмæ æндæртæ. Змейкæйы цæрджытæн дарддæр дæр бирæ кæй æнтыстдзæн, уый фидарæй уырны хъæуы хицау Дзуццаты Эльбрусы. Кафджыты къордтæ æмæ зарæггæнджытæ уыдысты концертон программæйы сæйраг архайджытæ. Адæмы зæрдæтæ балхæдтой сæ аивадон курдиатæй. Сывæллæттимæ та сæ рæстæг æрвыстой аниматортæ. Абон сæ бæрæгбон кæй рауад, ууыл дызæрдыг æппындæ ничиуал кодта. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Змейкæйы цæрджытæ сбæрæг кодтой станицæйы 170 азы юбилей
Категория:
Новости и СМИ