Террорист Аслан Яндиевы 19 азмæ ахæстоны сбадын кодтой

2 тыс. подписчиков

12+
12+

22 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

22 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

22 просмотра

7 лет назад

Уый тыххæй хъусын кæнынц тæрхондноны пресс службæйæ. Аслан Яндиевы фæаххосджын кодтой 2005-2006 азты Цæгат Ирыстоны теракктæ кæй сарæзта, уый тыххæй. Срæмыгъта электрон тыхы дæлстанцæ æмæ мобилон бастдзинады антеннæты цæджындз. Слестгæнджытæ куыд раиртæстой, афтæмæй иунæгæй нæ уыдис. Сæ фыдракæнды рæстæг адæмæй хъыгдард ничи баййæфта, фæлæ хæдзарадæн стыр зиан æрхастой. Уыцы бæллæх саразыны фæстæ Аслан Яндиев йæхи айста фæсарæнтæм, мæнг паспорт саразгæйæ. Барады кусджытæ йæ агуырдтой цалдæр азы, æмæ йыл 2011-æм азы, январы, фæхæст сты - Словакийы. 2018-æм азы йæ Уæрæсемæ æркодтой. Раздæр ма уын куыд хъусын кодтам, афтæмæй прокуратурæ бадомдта Аслан Яндиевæн 20 азы ахæстоны фæбадыны тæрхон рахæссын. Ныр ын стæрхон кодтой 19 азы, Уæрæсейы Федерацийы Уголовон Кодексы 209-æм, 222-æм, 205-æм, 30-æм æмæ 5-æм статьяты алы хæйттæм гæсгæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Террорист Аслан Яндиевы 19 азмæ ахæстоны сбадын кодтой

Категория:

Новости и СМИ