Республикæйы рацарæзт æмæ бындурон цалцæджы фарстаты фæдыл Дзанайты Барисы разамындæй ацыд сæрмагонд
Ацы аз Цæгат Ирыстоны базилдзысты социалон инфраструктурæйы 90 объектмæ. Ныхас цæуы скъолатæ, рæвдауæндæттæ, хидтæ, æнæниздзинад хъахъхъæныны, культурæ æмæ спорты бæстыхæйтты арæзтад æмæ рацарæзтыл. Уый тыххæй куыстадон фембæлды дзырдтой хицауады уæнгтæ. Амыдта йæ Дзанайты Барис. Арæзтад æмæ архитектурæйы министр Милдзыхты Асланы ныхæстæм гæсгæ куыстытæ æххæстгæнæг компаниты зæрдæ хсайы арæзтадон æрмæджытæ кæй фæзынаргъдæр сты, уымæ. Æмбырды ма дзырдтой бирæ азты дæргъы эксплуатацийы цы объекттæ нæ дæттынц, уыдоныл. Дзуапдæттæг министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ хыгъды ис 6 бирæфатерон хæдзары. Фарстайыл кусынц фæзуæтты райрæзты фонды æххуысæй. Республикæйы бюджетæй Фондæн рахай кодтой 15 милуан сомы. Иннæ аз уыцы нымæц уыдзæн 10 милуаны. Ахсджиаг у фатертæн чи бафыста æмæ арæзт кæмæн не рцыдысты уыдоны уавæрыл сахадын - бафиппайдта Дзанайты Барис. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv