Фæстаг рæстæг парахат кæнынц цæстфæлдахæн митæ

Фæстаг рæстæг парахат кæнынц цæстфæлдахæн митæ. Фыдгæнджытæ æрхъуыды кæнынц ног æмæ, хъыгагæн, баууæндæн кæуыл ис, ахæм схемæтæ. Мидхъуыддæгты министрады специалистты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, хæрзæрæджы дæр Дзæуджыхъæуы ахуыргæнджытæй иуæй цæстфæлдахджытæ расайдтой 700 мин сомы бæрц. Иннæ скъолайы кусæг та сын арвыста 300 мин сомы. Цавæр хуызы сайынц адæмы арæхдæр æмæ сæ хи куыд бахъахъхъæнæн ис, уый тыххæй нын радзурдзæн нæ уацхæссæг Калоты Дзерассæ. Æцæгæй дæр, фæлитой миты нымæц рæзы. Цавæр схемæтæй пайда кæнынц æмæ сæ куыд раиртасæн ис, уыдон се 'ппæт, æвæццæгæн, æмæ ничи сбæрæг кæндзæн, Бертæ, афтæ бирæ сты. Фæлæ сын сæ парахатдæрты тыххæй радзурдзыстæм бæлвырдæй. Райдайдзынæн статистикæйæ. Бæрæггæнтæм æркæсæм, уымæн æмæ æцæгæй дæр дисы æфтауынц. Æрмæст 5 мæймæ информацион технологитæй пайда кæнгæйæ нысангонд æрцыд æхца давды 856 цауы. Уыдонæй цæстфæлдахæн миты руаджы - 712 цауы. 144 та банчы картæйæ кæмæн адавтой йе 'хцаю, ахæмтæ. Уыдонæй рабæрæг кодтой 200 фыдракæнды, тæрхондонмæ æрвыст æрцыд 44 уголовон хъуыддаджы. Ацы бæрæггæнæнтæм гæсгæ йæ уæхæдæг бамбæрстат, цæстфæлдахджыты хъуыддæгтæ раиртасын, куыд зын у, уый. Уæлдай дæр та, сæ бафхæрын. Парахатдæр у мессенджерты руаджы схемæ. Адæймагмæ йæ зонгæйы номæй æрбацæуы æххуысы фæдыл фыстæг. Цæстфæлдахджытæ æфстау фæкурынц æхцайы фæрæзтæ, кæнæ та фæзæгъынц, цавæрдæр бæллæх сыл кæй æрцыд. Ахæм цау æрцыд Æлбегаты Эльмирæйыл дæр.  Цæстфæлдахджытæ пайда кæнынц алыхуызон мадзæлттæй.  Иу хуыз та ма - алыхуызон интернет дуканиты уылты. Æхца арвитыны размæ æнæмæнг æлхæнæг хъуамæ бадзура уæйгæнæгмæ æмæ йын йæ хъæлæс фехъуса, гæнæн æмæ йæ амалæй, диктофонмæ ныффысса. Ноджы хуыздæр та ма, дуканийы адрес сбæлвырд кæнын. Кæд уæйгæнæг разы нæу æппæт лыстæгдзинæдттыл æрдзурын, ныхас кæны æрмæст мессенджеры уылты, уæд, гæнæн ис, æмæ у фыдгæнæг. Ис ма ахæм схемæ дæр. Цавæрдæр компанийы кусæгмæ æрбацæуы йæ разамонæджы номæй фыстæг. Фæкуры, цæмæй барадхъахъхъæнджытыл телефон сиса, семæ æмгуыст кæна, æххæст сын кæна сæ домæнтæ. Фæлæ ууыл хабар нæ фæвæййы. Æрбадзурынц æдасдзинады федералон службæ æмæ мидхъуыддæгты министрады специалистты номæй. Уыдон фехъусын кæнынц, зæгъгæ, уын уе 'хца чидæр банчы картæйæ адавынмæ кæй хъавы. Дарддæр æрдомынц картæтæй æппæт æхцайы фæрæзтæ дæр сисын æмæ сæ арвитын сæ ныхстæм гæсгæ, "æдас картæмæ", афтæмæй та фервитын кæнынц сæхи хыгъдмæ. Мах аныхас кодтам цæрджытимæ цæстфæлдахсджыты хъуыддæгты тыххæй.    Цалдæр хуызмæ ма æркæсæм. Зæгъæм, адæймагмæ æрбадзуры мобилон бастдзинады операторы номæй, фехъусын кæны, зæгъгæ, уæ симкартæйæ пайда кæныны æмгъуыд кæронмæ æрхæццæ, уымæ гæсгæ, уæ хъæуы йæ баивын. Дарддæр адæймагæй расайынц конфиденциалон хъусынгæнинаг. Цæстфæлдахджытæ ма арæх дзурынц хиуоны номæй, цыма фæндаггон фыдбæлызы бахауд, афтæ. Фæкурынц æхца, уыимæ барадхъахъхъæнджытæн бафидынæн дæр. Ахæм хъуыддаджы рæстæг ныхас æнæмæнг хъæуы аскъуыддзаг кæнын. Мидхъуыддæгты министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, арæхдæр сайд æрцæуы ахуырад æмæ æнæнздзинадхъахъхъæнынады къабазы кусджытыл. Нæ зæрдæ дарæм, ацы информаци уын пайда кæй уыд, уæхицæн ма иу хатт хатдзæгтæ кæй скæндзыстут, цæмæй сайын ма бакомат

Иконка канала IRYSTONTV
1 453 подписчика
12+
35 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии