Сырхæфсæддонты нæмттæ сæнусон кæндзысты Цæгат Ирыстоны

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 лет назад

Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты чи фесæфт уыцы сырхæфсæддонты нæмттæ сæнусон кæндзысты Цæгат Ирыстоны. Нырмæ рохуаты чи уыд, уыцы 361 салдаты номы фыст æрцæудзысты æфсымæрон ингæны нæ бæстæйы сæйрагдæр бæрæгбон - Уæлахизы Бонмæ. Æдæппæтæй, Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты чи бацарæфтыд, уыдоны номыл мемориалон фæйнæгыл фæзынд 1300 номы. Æнæном салдæтты архивон гæххæттытимæ æгæрон æмæ зæрдиаг куыст бакодта æхсæнадон архайæг Алина Акоефф. Проект «Хæсты фæд» йæ куыст кæны 2012-æм азæй нырмæ. Проекты архайджытæ сбæрæг кæнынц, хæсты заманы карз тохтæ кæм цыд, уый. Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты чи бацарæфтыд, уыцы хъæбатырты стæгдартæ фæагурынц сæрмагонд сайттæй спайдагæнгæйæ. Ахæм куыстытæ цæудзысты дарддæр дæр. Бархионтæ агурдзысты, Ирыстоны зæххыл æбæрæгæй сæфт хæстонтыл нымад чи ’рцыд, уыдоны. Ахсджиаг куысты сæм фæкæсынц хæстонты хиуæттæ æмæ хæстæджытæ. Æдæппæтæй Цæгат Ирыстоны ис 84 æфсымæрон ингæны. Ныгæд адæмæн сæ рæстæмбис разындысты æнæном. Ныридæгæн уал кæй ссардтой, уыдоны нæмттæ бахъахъхъæныныл кусдзысты 2022-æм азмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Сырхæфсæддонты нæмттæ сæнусон кæндзысты Цæгат Ирыстоны

Категория:

Новости и СМИ