Фыранк Волна æнтыстджынæй цуан кæны

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 лет назад

Фыранк Волна Цæгат Ирыстоны йæхи хорз æнкъары. Тугдзых сырд æнтыстджынæй цуан кæны иннæ хъæддаг сырдтыл. Цуан кæнгæйæ адæмæй йæхи дард ласы, хъæутæм хæстæг нæ цæуы. Уый тыххæй фехъусын кодта экологи æмæ эволюцийы уавæр иртасæн институты куратор Артур Алибеков. Раззагазийаг леопарды Дыгургомы ауагътой фарон июлы. Цалдæр хатты хæстæг æрцыд хъæутæм, фæлæ адæймаджы куы банкъардта, уæд йæхи уайтагъд айста хæхты ’рдæм. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ Азиаг фыранчытæ Эльбрус æмæ Волна Цæгат Ирыстоны национ парк «Алани»-йы ауагътой ивгъуыд аз, июлы. Сæрмагонд программæмæ гæсгæ сæ сахуыр кодтой æрдзон уавæрты хæдбарæй цæрыныл. Леопард Эльбрус фесæфт декабры, Хуссар Ирыстоны хæхты. Волна йæхи хорз æнкъары Дыгургомы, цуан кæны Кæсæг-Балхъары дæр. Цуан та кæны сæйрагдæр сычъитыл, шакалтыл æмæ æндæр хъæддаг сырдтыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Фыранк Волна æнтыстджынæй цуан кæны

Категория:

Новости и СМИ