Мæздæджы адæмон драмон театр бæрæг кæны йæ 65 азы

Раст цыма зал театрдзаутæй дзаг у, афтæ репетицийы рæстæг дæр сурæт æргом кæнынц. Ацы къорды архайджытæн театр сæ царды ахсджиаг бынат ахсы. Мæздæджы культурæйы хæдзармæ æрвылбон кусгæ боны фæстæ æрбацæуынц. Сценæйыл сæ фæллад æмæ æвзæр хъуыдытæ фæлидзынц. Олег Тефов ныр 20 азы театры нывгæнæг у. Кæддæр йæ стырдæр бæллиц уыд, фæлæ йæ ныфс дæр нæ хаста. Ныр йæ æнкъарæнтыл æрхæцыд æмæ йæхиуыл бары спектаклы сæйраг рольтæй иу. Йæхæдæг куыд радзырдта, афтæмæй цалдæр хатты ацыд, фæлæ иу фæстæмæ æрбаздæхт. Ныр сценæйæн йæ цард нывонд кæны. Мария Сураева ацы театримæ сабийæ фæстæмæ зонгæ у. Мæздæджы адæмон театры ахуыр кодта æмæ хъазыд йæ мад, ныр дзы йæхæдæг та режиссер у. Мария йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй сывæллонæй уыд ацы алæмæты дунейæн æвдисæн. Кулисæты фæстæйæ каст спектакльтæм, артистты алы змæлд дæр æй дисы æфтыдтой. Ныр йæхæдæг дæр сценæйыл архайы, йæ бæллиц у, цæмæй сæ театр рæза. Мæздæджы адæмон драмон театрыл цæуы 65 азы. Цæдисты 'хсæн æмæ æппæтуæрæсеон конкурсты лауреат, йæ æвæрд спектальтæн ын аргъ кодтой бæстæйы алы горæтты. Мæздæггаг артисттæ суанг Кремылы сценæйыл дæр хъазыдысты. Сæ цымыдисаг æмæ æнтыстджын фæндаг та райдыдта хуымæтæг тематикон къордæй æмæ сси егъау адæмон театр. Йæ труппæйы уыд 70 адæймаджы, уыимæ ма фæсивæдон скъола дæр. Кæддæр ацы зал театрдзаутæй дзаг уыд, ныр уавæр фæивта. Ныртæккæ театры ис 20 адæймаджы. Æвæрынц спектакль Чеховы «Медведь»-мæ гæсгæ. Æрыгæтты къордимæ æвæрдзысты нырыккон уацмыстæ. Сценæйыл сног кæндзысты самихаг пьесæ «Такси-такси», фæнд ма кæнынц мюзикл сæвæрыныл дæр. Театр ницæуыл баивæн ис, уый хъæддыхæй зонынц. Æнæвгъауæй архайдзысты, цæмæй ацы алæмæты дуне цæра æмæ æнтыстджынæй рæза.

Иконка канала IRYSTONTV
1 461 подписчик
12+
12 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии