Цæгат Ирыстон æмæ уæрæсейаг æхсæнад "Знание" бафыстой æмгуыстады
Цæгат Ирыстоны уæрæхдæр кæны наукон, ахуырадон æмæ культурон къабæзты куысты æууæлтæ. Уый фæдыл бадзырд Грознайы бафыстой республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барис æмæ уæрæсейаг æхсæнад "Знание"-йы генералон директоры хæдивæг Ирина Карих. Афæдз æмæ æрдæгмæ организаци регионы сарæзта 600 мадзалæй фылдæр. Архайдтой дзы 18 мин адæймаджы. Федералон æмвæзадыл уый хорзыл банымадтой.