Сбæрæг ис, Хъырымы хидыл поездтæ цæуын кæд райдайдзысты, уый
Сбæрæг ис, Хъырымы хидыл поездтæ цæуын кæд райдайдзысты, уый. Пъланмæ гæсгæ йыл, æфсæнвæндæгты гыбар-гыбур ссæудзæн 9-10 декабры. Поездтæ цæудзысты сæрмагонд графикмæ гæсгæ. Хиды скусыны бон ивд нал æрцæудзæн. Билеттæ та Хъырыммæ уæй кæнын райдайдзысты октябры - 45 боны раздæр æфсæнвæндаджы скусыны бонæй. Уый тыххæй информацион агентад «ТАСС»-æн фехъусын кодта куыстуат «Крымская железная дорога»-йы сæйраг директоры хæстæ æххæстгæнæг Василий Назарян. Уыимæ ма Хъырымы администрацийы сæргълæууæг Сергей Аксенов куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй, гæнæн ис, æмæ поездтæ хидыл æмгъуыдæй раздæр дæр цæуын райдайой. Кассæтæй уæлдай ма билеттæ балхæнæн уыдзæн интернеты дæр. Ууыл дæр куыст цæуы ныридæгæн. Аргъы тыххæй нырма нæма фехъусын кодтой. Бæрæг у, фыццаг дыууæ поезды Симферополæй Мæскуымæ æмæ Севастополæй Санкт-Петербургмæ кæй цæудзысты, уый. 2020-æм азы апрелы æмæ майы та фæнд кæнынц уыдоны нымæц 11-мæ схæццæ кæнын. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Хъырымы хид у Уæрæсейы æппæты даргъдæр хид. Иу кæны сакъадах Тузлайы уылты Керчь æмæ Таманы æрдæгсакъадæхтæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Сбæрæг ис, Хъырымы хидыл поездтæ цæуын кæд райдайдзысты, уый
Категория:
Новости и СМИ