Кæлæццаг хæдзар
Герцены уынджы цы бирæуæладзыгон хæдзар ис уым цæрæн нæй. Ихы фæстæ бæстыхай хъыгдард баййæфта. Фатерты уымæл къултæ афаз сты. Фæлæ адæмы зæрдæ фылдæр æхсайы сывæллæтты хъазæн фæзмæ. Цæрджыты бон фарста сæхи хъарутæй аиуварс кæнын нæу. Сæ бирæ хъæстытæтæм та хъус ничи дары. Ныр сæ хъаст ракодтой махæн дæр. Герцены уынджы 6 хæдзар заууатмæ æрцыд. Хæдзары сæр зыхъхъыртæ,къæвдабон дон алырдыгæйты æнхъæвзы.Къултæ фаз. Агуыридуртæ куы кæцæй ракæлынц,куы кæцæй.Бæстыхайыл 50 азæй фылдæр цæуы. Уымæй уалдай ма, дыууæ азы размæ йæ их бахъыгдæрдта. Фæлæ цæрджыты ныхæстæм гæсгæ,бирæуæладзыгон хæдзæрттæ цалцæггæнæн программæмæ цæмæндæр хаст не`рцыд. Ам мын уыдис аив къæйдуртæ, гæххæтт ныхæст. Ныр уыдонæй ницыуал баззад. Коммуналон лæггæдтæн фидын. Ис мын дыууæ анахъом сывæллоны.Æппынæдзух хъуына æмæ уымæлы тæфмæ смудынц. Ангелинæ æдзух рынчынтæ кæны. Ныр дæр та хуыфы.Уымæн ис медицинон æвдисæндар.Баххуысс-ма нын кæнут истæмæй. Зæгъæн ис,æмæ афтæ алы фатеры дæр.Дон рог хæххон цæугæдонау згъоры суанг æртыккаг уæладзыгмæ.Уымæ гæсгæ бацæуæнты æмæ фатерты æппынæдзух уымæлы тæф кæны.Цæрджытæн сæ бон фæразын нал у. Хæдзары къултæ згъæлынц куыд мидæгæй,афтæ уынджы дæр.Пенсиисæг Александра Пагасеева куыд зæгъы,афтæмæй.йыл хæдзарæй рахауд агуыри дур.Тыххæй-ма аирвæзт. Сæрды зæрдæрайгæйæ,рæсугъд хъуыдытимæ рацыдтæн хæдзарæй ,кæсын,æмæ хæдзары сæрæй цы агуыри дур рахауд,уый ме`уæхск æрцавта,фæцырд дæн æмæ мæхи иуварс айстон.Хæдзар алырдыгæй дæр згъæлы. Æрæджы ацы кæрты сарæзтой сывæллæттæн ног хъазæн фæз,фæлæ уымæй дæр зæрдæ нæ райы. Сабитæ дзы сæхи цæмæй аирхæфсой, уый ис. Фæлæ асфальтгонд нæу,уымæй уæлдай-ма йын йæ алыварс дæр не`рыхгæдтой. Фæндагмæ у хæстæг. Уæдæ уый дæр та сæйраг нæу.Зæгъын-ма хъæуы уый, хæдзары къултæй дуртæ кæй хауы, уый тыххæй ныййарджытæ сæ сывæллæтты на уадзынц ацы фæзы хъазын. Æдас нæу. Ныртæккæ цалцæггæнæн куыстытæ кæнынц цæрджытæ техникон лæггæдтæн цы фидтонтæ фидынц уыдонæй. Техникон лæггæдтæн фиддонтæ куы нæ фидой адæм,уæд махæн дæр нæ бон кусын нæу.Цавæрдæр цалцæггæнæн куыстытæ кæнын махмæ хауы,ома хæдзары алывæрстæм базилын,инженерон хызæгтæм базилын,хæдзары сæрмæ иу гыццыл базилын.Махæй цы аразгæ цы у, уый кæнæм. Цæрджытæ хъастгæнгæйæ кæй дуар нæ бахостой, ахæм нал баззад.Курдиат фыстой нæ горæты администрацимæ дæр.Фæлæ сын уым куыд зæгъынц афтæмæй сæ бæстыхай цалцæггæнæн хæдзæртты хыгъды нæй,уымæ гæсгæ йæм зылд дæр нæ цæуы. Гæнæн ис, æмæ хæдзар банымайой кæлæццагыл. Уый тыххæй сæ хъæуы æмбæлгæ гæххæттытæ сæмбырд кæнын. Уавæрæн тынг фæахъаз уаиккой бындурон цалцæггæннæн куыстытæ.фæлæ цæрджытæ кæй нæ фидынц фиддонтæ,уымæ гæсгæ хъуыддаг ам дæр къуылымпытæ æййафы.Адæм сæхæдæг куыд зæгъынц,афтæмæй,бирæ пенсииссджытæ кæм цæры,ахæм хæдзары æхца кæцæй хъуамæ уа.Коммуналон лæггæдты министрадмæ ацы хъуыддагмæ ис сæхи цæстæнгас. Æрмæст хæдзары сæр баивынæн бахъæудзæн 2 милуан сомæй фылдæр.Бындурон цалцæггæнæн фонды минæвæрттæ куыд зæгъынц,афтæмæй,иу боны куыст нæу. Æххуыс та хъæуы, æмæ йæм цæрджытæ зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Кæлæццаг хæдзар
Категория:
Новости и СМИ