Абон хæдзар-интернат "Узæлд"-ы ног хайад йæ куыст райдайдзæн

Сырх лентæ лыггонд æрцыд. Абон хæдзар-интернат "Узæлд"-ы ног хайад йæ куыст райдайдзæн. Сæ дуæрттæ бакодтой нырыккон дзаумайæ ифтонг агъуыстытæ. Уæззау реабилитацийы рæстæг рынчынгæс рынчынмæ куыд хъуамæ кæса, цæмæй тагъддæр фæдзæбæх уа? Ацы хъуыддаджы фæлтæрдджын ахуыргæнджытæ æппæт лыстæгдзинæдтæ дæр амондзысты. Специалистты ахуыр кæндзысты муляжыл. Афтæ практикæйы хуызы базондзысты рынчынмæ зилыны раст æууæлты тыххæй. Логопед, психолог, тренер - иууылдæр сты социалон реабилитацийы дæснытæ. Ам базонæн уыдзæн, пациенты æнæниздзинды уавæрмæ раст куыд хъæуы кæсын, уый. Специалистты зонгæ кæндзысты эмоционалон æххуысы бындуримæ дæр. Фæкæсæг хъуамæ рынчыны зæрдæйы уаг æмбара æмæ йæ æрхæндæг кæнын ма уадза. Æмæ ам алы адæймагимæ дæр уавæр алыхуызон вæййы. Фæллойы министрады бæрны хистæр кары минæвæрттæн цы уагдæттæ ис, уыдонæй ахæм ахуырадон лицензи раздæр никæмæн ма уыд. Курсы æмгъуыд у 144 сахаты. Уый фæстæ специалист райсдзæн рынчынгæсы сертификат. Ахуыртæ ацæуыны фадат ис, 18 азы кæуыл сæххæст, уыцы цæрджытæй алкæмæндæр. Проекты сæйраг нысан - ацæргæ адæм æмæ инвалидты царды уавæртæ фæхуыздæр кæнын.

Иконка канала IRYSTONTV
1 463 подписчика
12+
44 просмотра
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии