Битарты Вячеслав фембæлд Дыгуры районы цæрджытимæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

Нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав радон хат фембæлд районы цæрджытимæ. Ацы хат уыди Дыгуры районы. Сæ фæрстытæ раттынмæ æрбацыдысты Хъарман-Сындзыхъæуы, Къора-Урсдон æмæ Фалдоны цæрджытæ. Æмбырд уыд Хъарман-Сындзыхъæуы культурæйы бынæттон хæдзары. Архайдтой дзы респубикæйы министрадты минæвæрттæ дæр. Адæмы тыхсын кæнынц алыхуызон хъуыддæгтæ. Хъæуты цæрджыты риссагдæр фарстатæ - куысты бынæттæ, сывæллæтты рæвдауæндæтты бынæттæ фаг кæй нæй æмæ бынæттон рынчындон уавæр. Хъарман-Сындзыхъæуы культурæйы галуаны ивгъуыд изæр къахбавæрæн дæр нæ уыд. Нæ республикæйы сæргълæууæгмæ фæрстытæ раттынмæ æрбамбырд сты Дыгуры районы хъæутæ Хъарман- Сындзыхъæу æмæ Къора-Урсдоны цæрджытæ. Фембæлды архайдтой Цæгат Ирыстоны министрадты минæвæрттæ æмæ бæрнон кусджытæ. Адæммæ бирæ фарстатæ разынд. Ахсджиагдæртæй иу - хъæуты кусæн бынæттæ кæй нæй, стæй- фæндæгты æвзæр уавæр. Къора-Урсдоны уынгтæй иутæ бынтон заууатмæ æрцыдысты. Сæргълæууæг бæрнон кусджытæн бабар кодта банымайын, цас фæрæзтæ бахъæудзæн фæндæгтæ сцалцæг кæнынæн, цæмæй сын иннæ аз хъæугæ фæрæзтæ дихгонд æрцæуа. Уыимæ ма, Хъарман-Сындзыхъæуы сывæллæтты рæвдауæндон нæй. Уымæ гæсгæ, 100 сабийæ фылдæр æрвылбон цæуынц сыхаг хъæумæ. Битарты Вячеслав ахуырад æмæ наукæйы министр Людмилæ Башаринæйæн бабар кодта хъуыддагмæ йе*ргом аздахын. Районæн та- æмбæлгæ гæххæттæ министрадмæ бадæттын, цæмæй хæстæгдæр рæстæг хъæуы сывæллæттæн æмбæлгæ уавæртæ фæзына. Къора- Урсдоны цæрджыты риссагдæр фарстаты 'хсæн уыд- доны фарста дæр. Битарты Вячеслав хъæуы администрацийы сæргълæууæг æмæ цæрæнуæтты, коммуналон хæдзарады министрадæн бабар кодта доны тарифтæм ногæй æркæсын. Цæмæй куыд æмбæлы, афтæ нымад цæуой. Къора-Урсдоны цæрджытæ ма тыхсынц, рæзгæ фæлтæрæн спортæй архайынæн æмбæлгæ уавæртæ кæй нæй, уымæй. Алкæмæн районы центрмæ, кæнæ горæтмæ цæуыны фадат нæ вæййы. Битарты Вячеслав куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ацы фарста ахсджиагдæрты хсæн у нæ республикæйы бирæ хъæуты. Урсдоны былгæрæттæ ацы аз фидаргонд не рцыдысты. Фалдонмæ фæндагыл хид ныккæлын æрвонг у, цæрджыты ныхæстæм гæсгæ. Сæргълæууæг экологи æмæ æрдзон æвæрæнты министрадæн бабар кодта, куыстытæ хæстæгдæр рæстæг баххæст кæнын. Районы цæрджытæ хъазт кæнынц, Дигорайы рынчындоны реанимаци, неврологи æмæ хирургийы хайæдтæ кæй нал ис, уымæй. Фæлæ, рынчындоны сæйраг дохтыр фæбæрæг кодта, адæм куыд зæгъынц, уавæр афтæ нæу. Ома, ацы аз сæм фæзынд 5 ног специалисты. Рынчындоны хайæдтæ сæ куыст кæнынц. Битарты Вячеслав профилон министр Годжыцаты Тамерланæн бахæс кодта, хæстæгдæр рæстæг рынчындон бабæрæг кæнын æмæ хъуыддаг сбæлвырд кæнын. Стæй, адæмæн ныфс бавæрдта, рынчындонæн æхгæнынæй тæссаг кæй нæу, уымæй. Æмбырды кæронбæттæны Битарты Вячеслав фембæлдæн скодта хатдзæг. Фембæлды фæстæ ма, адæм нæ республикæйы сæргълæууæгимæ хи фарстаты фæдыл ныхас кодтой. Районы цæрджытæ бузныг уыдысты, сæ рисссагдæр фарстатæм æргом кæй здахынц, уымæй. Хуасдзауты Алинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Битарты Вячеслав фембæлд Дыгуры районы цæрджытимæ

Категория:

Новости и СМИ