Дидинджыты уацары

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 просмотров

9 лет назад

Нæ республикæйы дидинджыты куыст кæнын æрæджы райдыдтой. Уардитæ, тюльпантæ æмæ æндæр зæрдæмæдзæугæ æмæ хæрздæф хуызтæ. Се ппæтæн кæд фадат нæй уæддæр республикæйы разамынд цæттæ у амалхъом адæмæн алывæрсыг æххуыс кæнын. Кусæндæттæ уал аразын райдыдтой Цæгат Ирыстоны цалдæр районы. Фæлæ иуæй иутæ архайынц сæхи хардз æмæ хъарутæй. Сæ иу нæ дарддæры æрмæджы хъайтар. Уаниты Вадим «дидинджыты уацары» дыууæ азы размæ бахауд. Йæхи къухæй сарæзта чысыл хъармуат. Ныссагъта дзы тюльпанты 5 хуызы. Цæст сæм кæсынæй не фсæды. Цæмæй сæхи хорз æнкъарой, уый тыххæй сын сарæзта æмбæлгæ уавæртæ: хъæугæ температурæ æмæ уымæлад. Дон та сыл хъæрмустæй фæкæны. Вадим куыд зæгъы, афтæмæй йæ йæ куыст тынг разæнгард æмæ зæрдиагæй кæны. Уый нæ, фæлæ ардæм æрбацæугæйæ, адæймагæн æдзухдæр йæ зæрдæйы ахаст аивы. Хуыздæрырдæм... Алы дидинæгмæ дæр дзы кæсы биноныгæй. Фидæны Вадимы фæнды æндæр хуызы зайæгойтæ дæр ныссадзын. Йæ куыстæй чысыл пайда дæр исы. Ауæй дзы акæны. Цæгат Ирыстоны цæрджытæ тюльпантæ уарзынц æмæ сæ æлхæнынц. Уæлдай арæхдæр дидинджытæ фæагурынц уалдзæджы бæрæгбæттæм. Уаниты Вадимы Беслæйнаг тюльпантыл йæ хæстæджытæ æмæ сыхæгтæ уайтагъд ныххæлоф кæнынц. Сæ хъæд цас даргъдæр уа, уыййас зайæгойы аргъ уыдзæн зынаргъдæр. Цæмæй хорз рæзой æмæ бæрзонддæр кæной, уыцы сусæгдзинæдты тыххæй Вадим афæрсы фæлтæрдджын адæмы. Стыр хъармуæттæ ма республикæйы 3 районы ис. Сæ саразынæй спайда кодтой Европæйаг технологитæй. Фæлæ дзы зайын кæндзысты халсартæ. Вадимы чысыл куыстуаты кусы иу адæймаг - йæхæдæг. Раст зæгъгъйæ, дзы фылдæр йæхи къухæй архайы. Йæ зæрдæ дары паддзахадон æххуысыл. Куыд зæгъы, афтæмæй йын фадæттæ куы уаид уæд ма дыууæ саразид. Компъютеры *ххуысæй чи кусы æмæ нырыккон техникæйæ ифтонг. Йæ зæрдæ дары, уæд йæ хæрдзтæ дæр фæкъаддæр уаиккой. Дидинджыты хæрзхъæддзинад та бирæ фæхуыздæр уаид. Вадим раздæр бæхты театры каскадерæй куыста. Фæлæ фæцæф æмæ йæ йæ дæсныйад ныууадзын бахъуыд. Йæ буары цæфтæ йын дидинджытæ сдзæбæх кодтой. Сæ хæрздæф ын кæддæриддæр хæссынц æхцондзинад. Сæрды та фæнд кæны дæсныйад уæлдæргæнæн ахуыртæм Краснодармæ ацæуын. Уый фæстæ фæлтæрдджын адæймаг йæ ныфс бахæсдзæн æрыскъæф æрзайын кæнынмæ. Йæ бæллиц та у - Цæгат Ирыстон стыр дидинæгдоны хуызæн куыд уа. Æмæ суа Цæгат Кавказы æппæтæй рæсугъддæр дидинджытæ кæм зайын кæнынц æмæ сæм æлхæнынмæ кæдæм цæудзысты, ахæм регион. Вадимы хъуыдымæ гæсгæ уымæн æппæт хъæугæ фадæттæ дæр ис. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Дидинджыты уацары

Категория:

Новости и СМИ