Джызæлæй сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, уыдоны номыл сарæзтой номарæн турнир футболæй
Джызæлæй сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, уыдоны номыл сарæзтой номарæн турнир футболæй. Мадзалы архайдтой æфсæддонты хиуæттæ, бынæтон администрацийы минæвæрттæ æмæ республикæйы хицауады уæнгтæ. Уæлахиздзау суæвыныл архайдтой 4 командæйы республикæйы районтæй. Хуыздæрты схорзæхджын кодтой Кады гæххæттытæ, майдантæ æмæ кубоктæй. Мадзаларазджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ерысты сæйраг нысан - фæсивæды спорты архайынмæ сразæнгард кæнын æмæ патритон хъомыладыл бакусын. Турнир фæнд кæнынц æрвылазон скæнын.