Æлбегаты Барис фембæлд цæрджытимæ
Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барис радон хатт фембæлд цæрджытимæ. Адæммæ разынд алыхуызон фарстатæ. Цæмæй сын æмбæлгæ дзуæппытæ радтой, уый тыххæй æмбырдмæ `рбахуыдтой администрацийы хайадты разамонджыты дæр. Мæскуыйаг уынджы бирæфатерон хæдзæрттæй иуы цæрджытæ Æлбегаты Барисмæ бахастой курдиат, цæмæй сын баххуыс кæна сæ кæрт банывыл кæнынмæ. Нырмæ сæхи тыхтæй архайынц, фæлæ алцæуыл не`ххæссынц. Зæгъæм кæртыты`хсæн цы фæндаг ис, уый заууатмæ æрцыд, хъæуы йæ сцалцæг кæнын. Администрацийы сæргълæууæг зæрдæ бавæрдта, иннæ азмæ фарста лыггонд кæй æрцæудзæн, уымæй. Æмбырдмæ чи рбацыд, уыдоны хсæн йе`нæниздзинад хъыгдар кæмæн у, ахæм нæлгоймаг. Уыдис æм курдиат, цæмæй йын бар радтой йæ кæрты гараж саразын. Бæрнон кусджытæ йын бамбарын кодтой, ныртæккæ гараж цы зæххыл хъуамæ уа, уымæн æмбæлгæ гæххæттытæ кæй цæттæ кæнынц, уый. Æдыппæтæй фембæлды рæстæг Æлбегаты Барис æрныхас кодта 27 адæймагимæ. Се*ппæтæн ныфс бавæрдта, сæ фарстатæм лæмбынæг кæй æрксдзæн, уымæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æлбегаты Барис фембæлд цæрджытимæ
Категория:
Новости и СМИ