Æрыдоны сывæллæтты сфæлдыстады скъолайы ацыд ахуыргæнинæгтæ æмæ сæ ахуыргæнджыты иумæйаг концерт
Эстрадон, классикон зарджытæ æмæ алыхуызон адæмыхаттыты музыкæ. Æрыдоны сывæллæтты сфæлдыстады скъолайы ацыд ахуыргæнинæгтæ æмæ сæ ахуыргæнджыты иумæйаг концерт. Равдыст коллективæн уыд фыццаг сæ ног бæстыхайы. Адæмон къордтæ æмæ ирон инструментты оркестртæ, хъазахъхъаг хор, фæндырдзæгъдджытæ, æмæ бирæ æндæр цымыдисаг æмæ ирд номыртæ. Мадзалы ма бацархайдтой республикæйы культурæйы министрад æмæ районы администрацийы минæвæрттæ, зындгонд артисттæ, æхсæнадон архайджытæ. Концертон программæйæн уазджытæ скодтой стыр аргъ. Фæнысан ма кæндзыстæм, сфæлдыстадон уагдоны кæй ахуыр кæны 200 сабийæ фылдæр.