Ахсджиаг ныхас

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

Барадхъахъхъæнæг оргæнты куыстыл æрныхас кодтой сæрмагонд æмбырды. Уæлдай æргом аздæхтой артаг æмæ энергетикæйы къабазы фыдракæндты ныхмæ тох кæныны фарстатæм. Æмбырды архайдтой федералон, регионалон хицауады уæнгтæ æмæ æмбæлгæ кусæндæтты минæвæрттæ. Сæ ныхас дзы загътой Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министр Сергей Чеботарев æмæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Æмбырды архайджытæ куыд бафиппайдтой, афтæмæй артаг æмæ энергетикæйы къабаз къуылымпыдзинæдтæ `ййафы æхцайæ. Йæ иумæйаг хæстæ хæццæ кæнынц 270 миллиард соммæ. Бæрæггæнæнтæм гæсгæ, уый нæ бæстæйы у æппæты бæрзонддæр бæрæггæнæн. Уæрæсейы генералон прокурор Иван Сыдорукы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, ацы аз раиртæстой 223 закъонхæлды. Уголовон хъуыддæгтæ та 528 байгом кодтой. Сæ фылдæр сты энергетикон æвæрæнтæ давынимæ баст. Æмбырды фæстæ Битарты Вячеслав æмæ Сергей Чеботарев бабæрæг кодтой къалбастæ уадзæн куыстуат. Проект æххæстгонд æрцыд Цæгат Кавказы федералон зылды рæзты программæйы фæлгæты. Куыстуат дзуапп дæтты нырыккон домæнтæн. Байгом уыдзæн 10 декабры. Иу афæдзмæ цæттæ продукци уаддзæн тоннæ æмæ æрдæг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Ахсджиаг ныхас

Категория:

Новости и СМИ