Цæттæ стæм, æви нæ?
Дзæуджыхъæуы ис 100 хъармгæнæнæй фылдæр, уый фæрцы нæ горæты цæрджыты хæдзæрттæм хъарм цæуы. Уый уазæлттæ куы æрбалæууынц, уæд. Фæлæ сæрдыгон дæр ацы бæстыхæйтты куыст бирæ вæййы. Фæцæттæ кæнынц ног хъармгæнæн рæстæгмæ. Ацы аз æппæт уыцы куыстытыл бахардз кодтой 60 милуан сомы. Хъармгæнæнтæ хъуамæ æнæ къуылымпыйæ кусын райдайой октябры мæй. Цæттæ сты æви нæ, уымæ аркастысты бæрнон кусджытæ. Дзусы-фырты номыл уынджы цы хъармгæнæн ис, уый нымад у нæ горæты æппæты стырдæрыл. БАМ-ы районы фатертæм тæвд уый фæрцы цæуы.Ныртæккæ дзы иуыл стырдæр хъармгæнæн аг ивынц. Фæлæ ууыл куыстытæ нæ фæуыдзысты. Хæтæлты техникон уавæрмæ дæр дзы бæстонæй æркæсдзысты, донцъирæнтæ дæр сцалцæг кæныдзысты, баивдзысты кусæнгæрзты цы хæйттæ нал бæззынц,уыдон æмæ хъармдæттæн хызæг. Куыстытæ куыд цæуынц,уый бæлвырд кодтой Хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз æмæ нæ горæты администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барис. Æлбегаты Барис: «Нæ балцæй разыйæ баззадыстæм. Алы объекты дæр куыстытæ цæуынц, куыд æмбæлы, афтæ. Фидарæй мæ уырны 15 октябры хъармгæнæн рæстæг æнæкъуылымпыйæ райдайдзæн. Куыстытæ та хъуамæ фæуой раздæр, 1 октябры. Уый та уый тыххæй, цæмæй адæм ма стыхсой. Цæмæй хъарм дæр цæуа фатертæм,æмæ хъарм дон дæр». Цæмæй хъармгæнæнтæ æнæкъуылымпыйæ кусой, уый тыххæй дзы æрæвæрдтой уæлæмхасæн донцъирæнтæ æмæ хъармгæнæн агтæ. Цæмæй хæдзæрттæм уазæлтты рæстæг æппынæдзух хъарм цæуа.Уымæй уæлдай-ма ацы азæй фæстæмæ Доваторы номыл уынджы æмæ БАМ-ы цы хъармгæнæнтæ ис, уыдон автоматизацигонд æрцыдысты. Ныр иу хъармгæнæн куы нал куса, уæд тæвд фатертæм иннæйы фæрцы цæудзæн.Куыстытæ банывыл кæнынмæ æрæвнæлдтой куыд нæ республикæйæ, афтæ сыхаг регионтæй специалисттæ дæр. Иван Перваков: «Ам фыццаг хатт нæ кусæм. Æртыккаг,æви цыппæрæм аз бафыссæм бадзырдтæ. Ацы хъармгæнæны ныридæгæн скодтам дыууæ егъау тæвдгæнæаджы, иннæйы та иу. Ныр та кæнæм 4. Алы хуызы специалисттæ архайы ам, куыст къуылымпы нæ кæны». Къостайы номыл проспекты цы хъармгæнæн ис, уым æппæт куыстытæ дæр конд æрцыдысты. Сæвæрдтой дзы дыууæ сæрмагонд, дыууæ та уæлæмхасæн ног донцъирæны. Кусæнгæрзтæ нырыккон домæнтæн дзуапп дæттынц, уæдæ куыстытæ дæр цæсгомджынæй конд æрцыдысты. Александр Наумчик: «Мах бацæттæ кодтам. Сцалцæг кодтам хъармгæнæн агтæ донцъирæнтæ, хъармгæнæн хызæг. Зæгъæн ис, æмæ ацы бæстыхай зымæджы уазæлттæм цæттæ у». Нæ горæты администрацийы уæнгтæ Дзæуджыхъæуы хъармгæнæнты куыстæй разыйæ баззадысты. Программæ куыд æмбæлы афтæ æххæстгонд æрцыд. Администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй, ныридæгæн æппæт уыцы куыстытæ конд æрцыдысты 92% онг. Ног хъармгæнæн рæстæгмæ цæттæ кæнын райдайынц иннæ куыддæр фæвæййы, афтæ.Уымæ гæсгæ куыстытæ куыд æмбæлы афтæ бакæнынæн рæстæг вæййы. Кæнын та сæ хæуы цæсгомджынæй, цæмæй зымаг йæ барты куы бацæуа, уæд алыхуызон аваритæ ма рцæуа, æмæ адæмы хæдзæрдты хъарм уа. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Цæттæ стæм, æви нæ?
Категория:
Новости и СМИ