Ирон æвзаджы ахуыртæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

Ирон æвзаг ахуыр кæнынæн Дзæуджыхъæуы сарæзтой лæвар курсытæ. Æрбацыд сæм бирæ адæм. Æппæты кæстæрыл цæуы 3 азы æмæ `рдæг, хистæрыл та – 15 азы. Ацы курсытæ фæлварæны хуызы конд сты. Сфæлдыстады галуаны педагогон институты студенттæ æмæ рауагъдонтæ мæйæ фылдæр сывæллæтты `фтаудзысты ирондзинадыл, зонгæ сæ кæндзысты ирон æвзаджы сусæгдзинæдтимæ. Ахуыртæ бабæрæг кодта не сфæлдыстадон къорд дæр. Салам раттын, кæрæдзиимæ базонгæ æмæ аныхас кæнын, стæй алыхуызон хъæзтытæ. Алцыдæр ирон æвзагыл. Кæд хъомылгæнинæгтæ нырма хæрз чысыл сты, уæд дæр сæ алчидæр æмбары мадæлон æвзаг, æнæмæнг, хъæуы зонын. Уæдæ йæ сахуыр кæнынмæ дæр зæрдиагæй тырнынц, кæд сын æнцон нæу, уæддæр. Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны сарæзтой ирон æвзаг сахуыр кæнын кæй фæнды, уыдонæн сæрмагонд ахуыртæ.Фæнысан кæнын хъæуы уый, æмæ дзы ахуыр кæнынц канд ирæтты нæ, фæлæ иннæ адæмыхæттыты минæвæрттæ. Ахуыртæ цы программæмæ гæсгæ цæуынц. уый афтæ арæзт у æмæ йæ бамбардзысты алы кары сывæллæттæ дæр. Методикон æрмæджытæ та ахуыргæнджытæн бацæттæ кодтой Цæгат Ирыстоны педагогон институты ЮНЕСКО-йы кафедрæйы. Уымæ гæсгæ уроктæ дзуапп дæттынц нырыккон домæнтæн, сты интерактивон æмæ цымыдиссаг. Ирон æвзаджы 10 къордты ахуыр кæнынц 100 сывæллонæй фылдæр 3,5 азæй 15 азы онг. Алы къорды дæр ахуыртæ вæййынц къуыри дыууæ хатты. Уым кæрæдзиимæ фæныхас кæнынц, ирон æвзаджы фæдыл сæм быцæуттæ дæр сæм рауайы. Уæдæ æппæнæдзух ахуыр кæнын чи фæразы æмæ урокты хъазгæ дæр акæнынц. Уый дæр нырыккон ахуырадон программæты домæн у. Ахæм хуызы ахуыртæ мæйæ фылдæр ахæссдзысты. Сывæллæтæн сæ зонындзинæдтæ æнæвгъауæй лæвар кæнынц бархионтæ - Цæгат Ирыстоны педагогон институты хистæр курсыты студенттæ æмæ рауагъдонтæ. Уроктæм бацæттæ кæнынмæ сын æххуыс кæнынц фæлтæрдджын ахуыргæнджытæ. Ирон æвзаджы лæвар ахуыртæ саразынмæ сæ ныфс бахастой нациты хсæн ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министрады. Ахуырад æмæ наукæйы министрады кусджытимæ иумæ æрхъуыды кодтой проект, специалисттæ сарæзтой паддзахадон программæ æмæ йæ фæлгæты байгом кодтой курстæ. Проекты сæйраг нысан у – мадæлон ирон æвзаг апарахат кæнын, уыимæ йæм уарзондзинад фидарæй-фидардæр кæнын. Курсытæ кæд æрæджы фæзындысты, уæддæр бирæтæм тынг цымыдисаг фæкастысты. Автортæм æмæ проект аразджытæм та фæзынд фидæнмæ фæндтæ. Иннæ аз ахуыргæнинæгты нымæц хъуамæ фæфылдæр уа. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Ирон æвзаджы ахуыртæ

Категория:

Новости и СМИ