Бехъан æмæ Мæздæгæн йæ астæуккаг цад ссыгъдæг кæндзысты
Бехъан æмæ Мæздæгæн йæ астæуккаг цад ссыгъдæг кæндзысты Федералон проекты фæлгæты. Уый тыххæй хъусын кæны Æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министр Мамиаты Чермен. Мæздæджы цад ныридæгæн бахастой 2021-æм азы программæмæ. Мæздæджы раздæр уыд цадимæ парк. Куыд фæстæмæ, афтæ йæ алывæрстæ схъуына сты, рауад дзы цъымарадон. Ацы фарст сбæлвырд кæндзысты. Сыгъдæг дон æрбауадздзысты Теркæй: йæ фæзуат ын ссыгъдæг кæндзысты. Уыдæтты руаджы Мæздæджы фæзындзæн аивгонд фæлладуадзæн бынат. Бехъан нырма федералон проектмæ хаст нæма æрцыд, фæлæ министры ныхæстæм гæсгæ, ацы фарст дæр тагъд рæстæджы сбæлвырд кæндзысты. Куыстытæ райдайдзысты 2021 азы. Бабар уал кодтой, зиан цы чъизи дæттæ хæссынц, уыдон аиуварс кæнын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Бехъан æмæ Мæздæгæн йæ астæуккаг цад ссыгъдæг кæндзысты
Категория:
Новости и СМИ