Экологон марафон
Абон æппæт дунейы бæрæг кæнынц æрдз хъахъхъæныны бон. Дзæуджыхъæуы æмæ республикæйы районты саразæтой сæрмагонд мадзæлттæ. Сæ иу - экологон Республикон марафон. Йæ аразджытæ сты æрдзхъахъæныны æхсæнад, æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон хайад æмæ парти «Фыдыбæстæ», бæгæныфыцæн копмани «Бавария». Марафон сарæзтой фыццаг хатт. Йæ сæйраг хъуыды у - æрдзы сыгъдæгдзинадмæ æркæсын æмæ адæмæн равдисын алфамблаймæ куыд фæндыйы цæстæй кæсын кæй нæй, уый. Архæйдтой дзы нæ республикæйы уæлдæр ахуыгæнæндæтты студенттæ æмæ раззагдæр фæсивæд. Æдæпæттæй 50 адæймагæй фылдæр. Алкæй бон дæр дзы уыд архайын. Базылдысты "Сапицкий" кæй хонынц, уыцы парк. Хæслæвæрдмæ гæсгæ, архайджытæ 40 минутмæ æрзылдысты паркыл æмæ йæ быронæй ссыгъдæг кодтой. Хуыздæр чи бакуыста, уыдонæн марафоны кæронбæттæны скодтой кадджын лæвæрттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Экологон марафон
Категория:
Новости и СМИ