Хъæбатыры мысгæйæ
Советон Цæдисы хъæбатыр, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, Мильдзыхты Хадзымырзæйы 100 азы юбилейы кадæн Дзæуджыхъæуы чиныгдоны сарæзтой лæгдзинады урок. Æрбахуыдтой йæм скъоладзауты æмæ студентты сæ ахуыргæнджытимæ. Нæ республикæйы кадджындæр хъæбатыры цардвæндаджы тыххæй æрныхас кодтой Хадзымырзæйæн йæ хæстæджытæ дæр. Фидæны хъайтар райгуырд 1919 азы Елхоты. Фыдыбæстæйы Стыр Хæстæн йæ фыццаг бонæй фæстæмæ уыд раззагдæрты æмрæнхъ. Уæззау цæф дзы куы фæцис, уæддæр ма иннæты йæ уæлæ тохы быдырæй æдас ранмæ хаста. Иунæгæй хæсты бацæугæйæ, йæхи къухæй адзалы фæндагыл арвыста 100 фашистæй фылдæры. Ахæм лæгдзинады фæстæ йæ схорзæхджын кодтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 1-аг къæпхæны орденæй. Мадзалы уазджыты бон уыд фенæн Хадзымырзæйы къамтæ æмæ йыл газетты цы `рмæджытæ фыстой, уыцы уацтæ. Фембæлдæн йæ сæйраг хæс у, цæмæй рæзгæ фæлтæр нæ республикæйы хъæбатырты зоной æмæ сæ ма рох кæной. Уазджыты 'хсæн уыдысты Дзæуджыхъæуы Галиуварсы ветеранты цæдисы уæнгтæ дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хъæбатыры мысгæйæ
Категория:
Новости и СМИ