«Ардонские инженерные сети» разамонæджы азымджын кæнынц цæстфæлдахæн митыл

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 лет назад

Уæрæсейы слестгæнæн комитеты Цæгат Ирыстоны слестгæнæн управленийы, 59-аздзыд нæлгоймаджы ныхмæ байгом кодтой уголовон хъуыддаг.«Ардонские инженерные сети», зæгъгæ, муниципалон куыстуаты разамонæджы азымджын кæнынц цæстфæлдахæн митыл. Слестгæнджыты хатдзæгтæм гæсгæ, 2013 азы 21-æм августы закъонхалæг, йæ куыст ын цы бартæ дæтты, уыдонæй спайда кæнгæйæ, куыстуаты дæлбар цы хæдтулгæтæ уыд, уыдон Паддзахадон автоинспецийы ныффыста йæ зонгæтыл. 2014 азы куыстуаты фæрæзтæ йæхи `рдыгæй фæкæнгæйæ, сарæзта бæрнон æнæххæстбарджын æхсæнад «Ардонские инженерные системы», зæгъгæ. Уый фæстæ дыууæ куыстуаты ’хсæн фæзынд хæдтулгæтæ хаццоны исыны бадзырд. Слестгæнæн комитеты кусджыты ныхæстæм гæсгæ, æнæзакъонæй хаццоны ист æрцыд 950 мин сомæй фылдæр. Уголовон хъуыддаджы фæдыл оперативон мадзæлттæ дарддæр арæзт цæуынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

«Ардонские инженерные сети» разамонæджы азымджын кæнынц цæстфæлдахæн митыл

Категория:

Новости и СМИ