Хуссар Ирыстоны коронавирусæй рынчынты дзæбæх кодтой 80 дохтыр æмæ æндæр медицинон специалисты
Хуссар Ирыстоны æнæниздзинады хъахъхъæныны министрадæй куыд хъусын кæнынц, афтæмæй коронавирусæй рынчынты дзæбæх кодтой 80 дохтыр æмæ æндæр медицинон специалисты. Ног низимæ тох кодтой 16 дохтыры, 32 медицинон хо æмæ 32 санитарон кусæджы. Уыдонæй уæлдай республикæйы медицинон центры кусджытæй 224 адæймаджы архайдтой, карантины мадзæлттæ æххæст кæнгæйæ. Профилон министрады ма куыд фæнысан кодтой, афтæмæй дохтыртæн уæлæмхасæн фиддонтæн рахай кодтой 2 милуан æмæ 200 мин сомы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Хуссар Ирыстоны коронавирусæй фæрынчын сты 85 адæймаджы. Ныридæгæн иууылдæр сдзæбæх сты. Рынчындонæй сæ рафыстой. Хуссар Ирыстоны фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй эпидемийы рæстæг республикæйы цæрджытæн скодтой 2,5 мин тестæй фылдæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуссар Ирыстоны коронавирусæй рынчынты дзæбæх кодтой 80 дохтыр æмæ æндæр медицинон специалисты
Категория:
Новости и СМИ