Цæгат Кавказы арæзтадон техникумы сарæзтой дæсныйад æвзарæн иумæйаг бон
Дзæуджыхъæуы скъолаты ахуырдзаутæ бабæрæг кодтой арæзтадон техникум. Уым сын радзырдтой кирпич раст сæвæрын, сæрмагонд техникæйыл архайын, бæстыхайы макет раст скæнын куыд хъæуы,уый. Мадзал сарæзтой фидæны раст дæсныйад равзыры боны фæлгæты. Фæсивæды базонгæ кодтой аразæг, механик æмæ архитекторы дæсныйадтимæ. Уымæй уæлдай ма скъоладзаутæ баххæст кодтой хæслæвæрдтæ. Ахуыргæнинæгтæ практикæйы хуызы сæхи бафæлвæрдтой алыхуызон дæсныйадты. Бафтаудзыстæм ма уый æмæ мадзал æрвылаз æрæзт кæй вæййы. Йæ сæйраг нысан- 9-æм къласы рауагъдогъдонтæн фидæны дæсныйад равзарынмæ баххуыс кæнын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Кавказы арæзтадон техникумы сарæзтой дæсныйад æвзарæн иумæйаг бон
Категория:
Новости и СМИ