Цæгат Ирыстоны Сæйраг Тæрхондоны ацыд Цъыккаты Владимиры хъуыддаджы фæдыл тæрхондоны æмбырд
Цæгат Ирыстоны Сæйраг Тæрхондоны ацыд Цъыккаты Владимиры хъуыддаджы фæдыл тæрхондоны æмбырд. 10 аххосджыны балæвæрдтой аппеляци. Сӕ курдиаты сӕр у, цӕмӕй сӕ тæрхондон аххосджынтыл мауал нымайа. Иннæ æмбырд ацæудзæн 21-æм декабры. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, раздæр Дзæуджыхъæуы Ленины номыл тæрхондон Хохойты Аланæн стæрхон кодта 10 азы æмæ 6 мæйы. Цомайты Георгий æмæ Шота Майсурадзе та ахæстоны хъуамӕ фæбадой фӕйнӕ дæс азы. Æртæйӕ дæр сæ ахст рӕстӕг ӕрвитдзысты карз уагӕвӕрды колонийы. Ситохаты Сослан ахст уыдзæн 8 азы. Уалыты Владимир æмæ Датиты Ацæмæз ахæстоны фæбаддзысты фæйнæ 2 азы æмæ 6 мæйы. Цъугкиты Азæмæт æмæ Бузойты Спартак та ахæстоны арвитдзысты æртыгай азтӕ. Дзампаты Олег ахст уыдзæн дыууæ азы. Бигъаты Аланæн та стæрхон кодтой 4 азы ахст уæвын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv