Ног домæнтæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

Уæрæсейы, гæнæн ис, æмæ такситы шофырты нал уаддзысты бæрцæй фылдæр кусын. Ахæм хъæппæрисы тыххæй Паддзахадон Думæйы радзырдтой агентад «РИА Новости»-йæн. Фæндоны амидингæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй алы таксийы хæдтулгæ дæр сифтонг кæндзысты ГЛОНАСС-ы системæйæ. Уый руаджы кæсдзысты, шофыртæ домæнтæ куыд æххæст кæнынц, уымæ.Ахæм хъæппæрисы сæр нæ бæстæйы уымæн бахъуыд, цæмæй фæллад æмæ æрдæгфынæй таксисттæ фæндæгтæм ма цæуой æмæ адæмы фыдбылызы ма `ппарой. Æмбæлгæ ивддзинæдтæ уал бахастой сæрмагонд закъонмæ 2-аг хатт æркæсыны фæткмæ. Спутникон системæйы фæрцы хæдтулгæтæй чи кæм ис æмæ цæй тыххæй, уый бæрæг уыдзæн. Алы оператор дæр афтæмæй бæлвырддæрæй зондзæн йæ шофырты куысты фæтк. Куыддæр йæ сахæттæ бакуса, афтæ йын фæндагмæ цæуыны бар нал дæтдзысты. Шофыртæй алкæмæн дæр хъуамæ радтой сæрмагонд гæххæтт, йæ куысты миниуджытæ йын чи бæрæг кæндзæн, ахæм. Уый руаджы таксисттæн иу олператорæй иннæмæ разгъор-базгъоры фадат нал уыдзæн. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ ахæм хуызы ныртæккæ кусы Уæрæсейы бирæ егъау горæтты бæлццæттæ ласæн транспорт. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Ног домæнтæ

Категория:

Новости и СМИ