РЦИ-Аланийы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз бæрæг кæны социалон объектты арæзтад
Абон Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз бæрæг кæны республикæйы социалон нысаниуæг кæмæн ис уыцы объектты арæзтад. Ныртæккæ премьер ис Кировы районы. Афтæ рауад æмæ абон Змейкæйы станицæйы цæрджытæ бæрæг кæнынц хъæуы 170 азы. Тускъаты Таймураз адæмæн бæрæгбоны фæдыл ракодта арфæ. Йæ зæрдæ сын зæгъы цæмæй район дарддæр дæр рæза. Бæрæгбон премьеры балцы сæйраг нысан нæу. Уый федта Кировы районы социалон объектты арæзтад. Ам 11 -æм сывæллæты рæвдауæндоны аразынц уæлæмхасæн бæстыхай. Уый руаджы скъолайы рагагъоммæ ахуыргæнæндонмæ сабиты рады лæууын нал хъæудзæн. Уымæй уæлдай ма абон райсомæй Тускъаты Таймураз бабæрæг кодта Республикон Сывæллæтты рынчындон. Уым аразынц соматикон корпус æмæ поликлиникæ. Ацы мадзæлттæн национ проект «Здравоохранение» фæлгæты радих кодтой миллиард сомæй фылдæр. Хицауады сæрдар ма бабæрæг кæндзæн Рахизфарсы æмæ Горæтгæрон районты цы объекттæ аразынц, уыдон. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
РЦИ-Аланийы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз бæрæг кæны социалон объектты арæзтад
Категория:
Новости и СМИ