Республикæйы быдырты æмæ дыргъдæтты сæ тæмæны сты фæззыгон куыстытæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

21 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

21 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

21 просмотр

7 лет назад

Республикæйы быдырты æмæ дыргъдæтты сæ тæмæны сты фæззыгон куыстытæ. Дыгуры районы фермерон хæдзарадтæ февнæлдтой сæ тыллæг æфснайынмæ. Куыстытæм сæхи бацæттæ кæнынц рагацау. Ацы аз иу гектарæй хъæууон-хæдзарады кусджытæ систой 7 тоннæйы нартхор. Уыимæ ныссагътой æндæр халсартæ дæр. Æфснайæн куыстытæм араст не сфæлдыстадон къорд. Золойты Роберт къорд азы кусы агрономæй. Куыд зæгъы, афтæмæй никуы фæфæсмон кодта ацы дæсныйад кæй равзæрста, ууыл. Уыимæ, æххуыс кæны хъæууон-хæдзарады къабазы чи фæллой кæны æмæ дзы нырма фыццаг къахдзæфтæ кæнынымæ чи хъавы, уыдонæн. Йæ дæсныйады сусæгдзинæдтæ сын не ’вгъау кæны. Ныртæккæ Золойты Роберт кусы Дыгуры районы фермерон хæдзарады цы аграрон хайад ис, уым. Нæлгоймаг йæ цæст дары, цæмæй куыст æмбæлгæ домæнтæн дзуапп дæтта. Ныртæккæ фермерон хæдзарады кусынц 20 адæймагæй фылдæр. Нартхоры æмбырд кæныны афонтæм Дыгуры районы зæххытыл фæллойгæнджытæ сæхи рагагъоммæ райдайынц цæттæ кæнын. Хаццон исджытæ бафснайынц нартхоры тыллæг. Дарддæр та йæ сæрмагонд комбайнтæ базгъалынц. Уый фæстæ та йæ арвитынц фермерон хæдзарадмæ. Уым кæронмæ сыгъдæггонд æрцæуы. Хаццон исджытæ хъуамæ бацархайой, цæмæй сæ нартхоры тыллæг афойнадыл æфснайд æрцæуа, ууыл. Стæй, уый фæстæ хъуамæ хæдзарады хусгæнæн аппаратмæ нартхор баласой. Золойты Роберты ныхæстæм гæсгæ, хъуамæ хусгæнæн аппараты куысты дæр къуылымпыдзинæдтæ ма уа. Цæмæй хæдзарæдтæ фæззæджы хъæздыг тыллæг æрæмбырд кæной, уый тыххæй быдыры нартхормæ хъуамæ куыд æмбæлы, афтæмæй зилой. Уæдæ хаццонисджытæн сæ бон у дæсны специалисттæм фæсидын, цæмæй сын баххуыс кæной, уый тыххæй. Фылдæр хатт ацы зæххытæй сисынц 7 тонны бæрц нартхор. Ис дзы дыууæ комбайны, уыдоны фæрцы шофыртæ кæрæдзийы ивынц, æмæ сын афтæмæй бирæ æнцондæр у. Дарддæр та йæ бафснайынц фермерон хæдзарады, цæмæй чысыл фæстæдæр уæйгонд æрцæуа, уый тыххæй. Къутæрты Аидæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Республикæйы быдырты æмæ дыргъдæтты сæ тæмæны сты фæззыгон куыстытæ

Категория:

Новости и СМИ