Хуссар Ирыстоны футболисттæ фæуæлахиз сты футболон ерысты
Æххæстæй сæ хæдбардзинадыл разы кæмæн не сты, уыцы паддзахæдты `хсæн Европæйы чемпионат æрæджы ахицæн. Степанакерты, кæронбæттæн хъазты Хуссар Ирыстоны иугонд командæ 1 : 0 хыгъдимæ рамбылдта Ныгуылæн Арменийы спортсменты. Кæронбæттæн хъазт рауад тынг цымыдисаг. Футболисттæн ахæм æнтыстдзинад сæ къухы бафтыд фыццаг хатт. Чемпионаты ма архайдтой Абхази, Луганскы æмæ Донецкы адæмон республикæтæ, Лапланди, Карабах æмæ æндæр æнæххæст хæдбардзинадимæ бæстæты иугонд командæтæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуссар Ирыстоны футболисттæ фæуæлахиз сты футболон ерысты
Категория:
Новости и СМИ