Андиаты Сосланы номыл турниры ирыстойнаг богæлттæ рамбылдтой æртæ сыгъзæрин майданы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

Андиаты Сосланы номыл турниры ирыстойнаг богæлттæ рамбылдтой æртæ сыгъзæрин майданы. Цæгатирыстойнаг спортсментæй фыццаг фесгуыхт Хæдзарæгаты Азæмæт. Хæцы 74 кг уæзы. Фæлтæрдджын спортмен, мастер спорта æмæ дунейы чемпион Уалыты Радик та фæуæлахиз йæ ныхмæлæууæгыл Дагестанæй Магомеда Набиевыл. Радикыл цæуы 23 азы, хæцы 86 кг уæзы. Æнтыстджынæй нæ хъæбысæйхæцджытæ сæхи равдыстой 97 кг уæзы. Бацахстой фыццаг æртæ бынаты. Фыццаг бынат райста æрыгон, 17-аздзыд Зассеты Арсæмæг, дыккаг бынат райста Дудайты Сослæнбег, бронзæйы хицау та сси курдитджын спортсмен Гæззаты Аслан. Олимпаг хъæзтыты дыууæ хатты чемпион Андиаты Сослан йæхæдæг тох кодта уæззау уæзы - 125 кг. Уыцы уæзы уæлахиздзаутæ сбæрæг уыдзысты абон изæры. Уым чи фæуæлахиз уа уымæн ратдзысты ног хæдтулгæйæ дæгъæлтæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм ерыстæ Манежы спортивон галуаны кæй цæуынц, уый. Спортсментæ ссыдысты Уæрæсейы алы къуымтæй, уыимæ Арменийæ, Кадзахстанæй, Гуырдзыстонæй, Грецийæ æмæТуркменийæ. Æдæппæтæй 400 адæймагмæ ввахс. Турниры бæрзонд æмвæзад дисы æфтауы йæ архайджыты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Андиаты Сосланы номыл турниры ирыстойнаг богæлттæ рамбылдтой æртæ сыгъзæрин майданы

Категория:

Новости и СМИ