Галина Семенюк – Ленинграды æрхъулайы æвдисæн
872 боны хъæбатырæй æмæ тухитæ кæнгæйæ. 27-æм январы 1944-æм азы Ленинград фашистты æрхъулайæ суæгъд кодтой. Дыууæ азы æмæ æрдæг адæм тухитæ кæнгæйæ сæрибардзинæдыл тох кодтой. Горæт суæгъд кæныныл Цæгат Ирыстонæй архайдтой 3 мин салдаты. Галинæ Семæнюк Дзæуджыхъæуы бирæ æзты цæры. Хæсты уæззау рæстæг райгуырд Ленинграды. Не`сфæлдыстадон къордæн радзырдта, уæд адæмы цы зындзинæдтæ ййафтой, уый тыххæй. Галина Семенюк хæсты зындзинæдты тыххæй зоны йæ мад æмæ йæ хойы ныхæстæй. Йæхæдæг райгуырд 1942 азы. Ленинграды æрхъулайы рæстæг йæ мад куыста æфсæнвæндагыл. Кодта чертежтæ. Хайды сæргълæууæг уыд цæгатирыстойнаг Цъебойты Илас. Стæй æхсын иу куы райдыдтой, уæд иу пъадвалмæ йæ дыууæ сывæллонимæ алыгъд. Æхстытæ, æххормаг, уазал, тас. Уыцы рæстæг адæм бирæ зындзинæдтæн бафæрæзтой. Йæ фыды Галинæ Cеменюк æппындæр нæ федта. Летчик, испайнаг хæсты архайæг, Ульян Семенюк фæмард хæсты 1941 азы. Мад йæ дыууæ чызгимæ баззад иунæгæй хæсты уæззау рæстæг. Адæм фервæзыны тыххæй уæй кодтой сæ бон цы уыди, уйы. Зымæгон уазалты сæхи схъарм кæнынмæ та иу сæ хæдзæртты мебель судзын райдыдтой. Ленинграды æрхъулайы бинонтæ уыдысты фыццаг бонæй суанг кæронмæ. 872 боны адæм фæтухæнтæ кодтой. Фæлæ, уæддæр знагæн сæ басæттын нæ бантыст. 60-азты бинонтæ сфæнд кодтой Цæгат Ирыстонмæ ссæуын. Галинæйæн йæ мады райгуырæн бæстæмæ. Галинæ Семенюк каст фæци музыкалон педагогон училищæ. Цалдæр азы фæкуыста скъолайы. Стæй уæд райдыдта кусын милицæйы сывæллæтты хайады инспекторæй. Уыцы иу рæстæг ахуыр кодта юридикон факультеты. Уæрæсейы Намысы бон Галина архайы мысæн мадзæлтты. Фарон дæр уыд Санкт-Петербургы. Ленинграды æрхъула кæй фæци, уый 75-азы юбилейы фæдыл кадджын мадзалы. Йемæ уыд Галина Полторак, уый дæр уыди Лениграды æргхъулайы. Ныртæккæ Галина Семенюкыл цæуы 78 азы. У ветеранты советы уæнг. Архайы фæсивæдимæ дæр, стæй æххуысцух адæмæн лæггад кæны. Зындзинæдтыл никуы хъаст кæны. Ууыл æй сахуыр кодта Ленинграды æрхъула. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Галина Семенюк – Ленинграды æрхъулайы æвдисæн
Категория:
Новости и СМИ