Паспорттæ æмæ визæты уæрæсейаг службæйыл сæххæст 300 азы
Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады историйы музейы сбæрæг кодтой паспорттæ æмæ визæты уæрæсейаг службæйы 300 азы. Мадзалы бацархайдтой мидхъуыддæгты министрады миграцийы фарстаты фæдыл управленийы разамонæг, пъæлицæйы булкъон Битарты Артур, мидхъуыддæгты министрады ветеранты советы сæрдар Петр Сазыкин, министрады ветерантæ æмæ ма æндæр кадджын уазджытæ. Бæрæгбоны райдиан Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министр Михаил Скоковы уынаффæмæ гæсгæ, кады гæххæттытæ æмæ арфæйы фыстæджытæй схорзæхджын кодтой миграцийы управленийы кусджыты. Уымæй уæлдай ма кадджын уавæры радтой паспорттæ Уæрæсейы ног гражданинтæн. Æрыгæттæ сæ фыццаг æппæты вазыгджындæр гæххæт райстой мидхъуыддæгты министрады ветеран, инæлар-майор Бæтæгаты Таймуразы къухæй. Фæсарæйнæгтæй та уæрæсейаг гражданство чи иста, уыдон та бахордтой ард. Дарддæр та уазджытæн сарæзтой бæрæгбоны концерт. Бацархайдтой дзы пъæлицæйы мобилон отряды хистæр лейтенант Михаил Зайцев æмæ нæ республикæйы адæмон артист Дауыраты Эдуард. Мадзалы кæронбæтттæн та Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады историйы музейы директор Сохиты Ларисæ арфæ ракодта сывæллæттæн, паспорттæ кæй райстой, уый фæдыл, стæй миграцийы управленийы кусджытæн сæ профессионалон бæрæгбон кæй æрбахæццæ кæны, уый тыххæй. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Уæрæсейы паспортизаци аразын райдыдта Петр I. Уый фæсарæйнæгтæм кæсыны куыст бабар кодта пъæлицæйæн. Æппæты фыццаг дзырд "паспорт"-æй Уæрæсейы спайда кодтой 1719-æм азы 11-æм сентябры уынаффæйы. Æмæ ацы бон - 11-æм сентябрь - миграцион службæты кусджытæ нымайынц сæ профессионалон бæрæгбоныл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Паспорттæ æмæ визæты уæрæсейаг службæйыл сæххæст 300 азы
Категория:
Новости и СМИ