Сергей Меняйлойы разамындæй уыд радон аппаратон æмбырд
Хъæууон хæдзарады зæххытæ ихæй бахъахъхъæнынæн уæлæмхасæн самал кæнын хъæуы 414 ракетæйы 13,5 милуан сомæн. Уый тыххæй фехъусын кодтой аппаратон æмбырды. Дзуапдæттæг министр Къусраты Алан куыд фæнысан кодта, афтæмæй алы хъæуæн дæр радих кæнын хъæуы фæйнæ 60 ракетæйы. Сергей Меняйло бабар кодта, иу хатт ма бæрæггæнæнтæм æркæсын æмæ ихы ныхмæ тохгæнæн службæйы ивгъуыд азы куыстæн хатдзæгтæ скæнын. Æмбырды ма куыд сбæрæг, афтæмæй 9-æм майы Цæгат Ирыстоны аварион службæтæ кусдзысты карздæр фæткмæ гæсгæ. Сæргълæууæг фæнысан кодта, хъуамæ къуылымпыдзинæдтæ ма сæвзæра.