Сергей Меняйло хæстонты бинонтæн радта паддзахадон хæрзиуджытæ
Сергей Меняйло сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, уыцы хæстонты бинонтæн радта паддзахадон хæрзиуджытæ. Æфсæддон хæс æххæстгæнгæйæ хъæбатырдзинад, ныфс æмæ удуæлдайдзинад кæй равдыстой, уый тыххæй Уæрæсейы Президенты Указмæ гæсгæ хорзæхгонд æрцыдысты Лæгдзинады ордентæй сæ амæлæты фæстæ. Сергей Меняйло куыд фæнысан кодта, афтæмæй республикæ дарддæр æххуыс кæндзæн, йе фсæддон хæс æххæстгæнгæйæ чи фæмард, уыцы хæстонты бинонтæн.