Мыхуыры рацыд нырыккон ирон аргъæутты чиныг «Аргъау Биргъау»
Ивгъуыд азы Цæгат Ирыстоны фæсивæды хъуыддæгты комитет æмæ республикæйы æфсæддон - патриотон хъомылады центр сарæзтой конкурс «Нырыккон ирон аргъæуттæ» зæгъгæ. Архайыны бар дзы уыд 35 азы онг кæуыл цæуы, уыдонæн. Уæлахиздзауты аргъæуттæ мыхуыры рауагътой чиныг «Аргъау-Биргъау»-ы. Сывæлæттæй бирæтæ раздæрау аргъæуттыл зæрдæргъæвд нал сты, ахæм хатдзæг скодтой архайджытæ. Фæлæ уæддæр се хсæн разæнгард сæ чи кæны, ахæмтæ разыны. Æдæппæтæй мыхуыры рацыд 200 чиныгæй фылдæр. Уæлахиздзауты схорзæхджын кодтой кады гæххæттæй æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Мыхуыры рацыд нырыккон ирон аргъæутты чиныг «Аргъау Биргъау»
Категория:
Новости и СМИ