Дзæуджыхъæуы фидары даргъ гæрæнæй цы баззад, уый хæлынæй бахъахъхъæныны куыст райдыдтой
Дзæуджыхъæуы фидары даргъ гæрæнæй цы баззад, уый хæлынæй бахъахъхъæныны куыст райдыдтой. Архитектурæйы цыртдзæвæн лæууы Яшины, Титов æмæ Зортовы уынгты тигъыл. Къул сарæзтой 19-æм æнусы астæу. Йæ дæргъ уыд 3 километры. Абон ма уыцы къулæй баззад 60 метрæй чысыл фылдæр. Йæ алыварс цы бæстыхай ис, уый ныссыгъдæг кодтой хæмпæл æмæ быронæй. Ныр та йын хъæуы кæцыдæр бынæтты йӕ историон дурамад сног кæнын. Уый тыххæй пайда кæндзысты, паддзахы агуыридур кæй хонынц, уымæй. Къул бахъахъхъæныны куыстытæ фæуыдзысты афæдзы кæронмæ. Аразгæ та сæ кæнынц, республикæйы культурон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы объектты хъахъхъæнынад æмæ пайдакæнынады комитеты разамындæй.