Æрыдон, Дигора æмæ Нары æхсæнадон фæзуæтты рацарæзтыл
“Малые города и исторические поселения” - æнцонвадат уавæртæ аразыны хуыздæр проектты æппæтуæрæсеон конкурсы мадзæлттæ куыд арæзт цæуынц, уый тыххæй ныхас цыд сæрмагонд æмбырды. Амыдта йæ республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Премьерæн радзырдтой Æрыдоны, Дигорайы æмæ Нары проектты тыххæй. Фæнд сæ кæнынц ацы аз сæххæст кæнын. Æрыдоны рацараздзысты Фæскомцæдисонты парк. Сараздзысты дзы сценæ амфитеатримæ, фонтан, арт-объект æмæ тренажертæ. Сывæллæттæн дæр дзы уыдзæн хъазæн фæз, хъеллаугæнæнтæ, æнæмæнг æхсæнадон хæрæнбынат. Дигорайы та Тогойы фырты номыл уынджы фæзындзæн нырыккон тезгъогæнæн бынат. Ам дæр уыдзæн арт-объекттæ, стæй сывæллæттæн хъазæн æмæ воркауты фæзтæ. Сæйраг концепци - горæты истори. Раздæр Дигорайы, дон цы уынгты калд, уым æнæмæнг уыд донгуыройтæ. Уымæ гæсгæ сæ дизайн проекты дæр равдыстой декоративон хуызы. Нары та фæнд кæнынц туристон информацион центр саразын, базарадон фæзуат, сæрмагонд бынæттæ алыхуызон мадзæлттæ аразынæн.