Регионы барадон фæтк бахъахъхъæныны фæдыл арæзт координацион æмбырд ацыд Сергей Меняйлойы разамындæй
Информацион тыгъдады æдасдзинады фарстатæ, нациты 'хсæн ахастдзинæдтæ, фæсивæды 'хсæн нымæцон ахуырадыл ныхас цыд Регионы барадон фæтк бахъахъхъæныны фæдыл арæзт координацион æмбырды. Амыдта йæ Сергей Меняйло. Æнахъом сывæллæтты бартæ царды алы къабазы бахъахъхъæныны фæдыл мадзæлттæ иумæйагæй аразынц Мидхъуыддæгты, ахуырад æмæ наукæйы министрадтæ. Уыимæ ма фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитет æмæ æхсæнадон организацитæ. Профилактикон куыст ма цæуы фæсивæды интернеты тыгъдады æнæзакъон митæй бахизыныл. Æмбырды архайджытæ ма æрдзырдтой афæдзы куысты хатдзæгтыл æмæ фидæнмæ пълæнттыл.