Дзанайты Барисы разамындæй уыд республикæйы хицауады ацы азы фыццаг æмбырд
Республикæйы хицауадæн ацы аз уыд фыццаг æмбырд, амыдта йæ премьер Дзанайты Барис. Боны фæткы – социалон-экономикон райрæзты æмæ цæрджыты уавæртæ фæхуыздæр кæныны фарстатæ. Дзанайты Барис куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ис бирæ куыст: социалон объекттæ, коммуналон æмæ фæндаггон инфраструктурæйы рацарæзт æмæ бындурон цалцæг. Ацы аз республикæ сбæрæг кæндзæн æртæ ахсджиаг цауы: Уæрæсеимæ баиу уæвыны 250 азы, Дзæуджыхъæуы 240 азы æмæ республикæйы сырæзты 100 азы. Уæдæ Бинонты азы фæлгæты дæр егъау мадзæлттæ цæттæ кæнынц. Регион фæнд кæны Фæсивæды æппæтдунеон фестиваль, Петербургы экономикон форум æмæ Кавказы инвестицион форумы архайын. Хуымæллæджы ног спортивон комплекс бахастой Рахизфарсы районы исбонадмæ, Алагиры районы исбонадмæ та - цалцæггонд культурæйы хæдзар «Фæскомцæдисон». Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Цæгат Ирыстоны, куыд бæстæйы иннæ регионты, 15-æм мартъийы райдайдзысты онлайн-æвзæрстытæ. Цæрджытæ сæ хъæлæстæ дæтдзысты, 2025-æм азы кæй саив кæндзысты, уыцы æхсæнадоны бынæттæ. Æвзæрстытæ ахæсдзысты 30-æм апрелы онг сайт 15.gorodsreda.ru-йы.