Ацы аз Цæгат Ирыстоны сног кæндзысты фæндæгты 65 километры

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 просмотров

5 лет назад

Цæгат Ирыстон ныр цалдæр азы у Æдас æмæ хæрзхъæд автомобилон фæндæгты национ проекты архайæг. Йæ фæлгæты къухы бирæ бафтыд. Фидæнмæ фæндтæ та ноджы егъаудæр сты. Æрмæст ацы аз Дзæуджыхъæуы сцалцæг кæндзысты фæндæгтæ 20 уынджы. Асфальт раивдзысты республикон фæндæгтыл дæр. Бæлвырддæр нæ уацхæсджыты æрмæджы. Дзæуджыхъæуы уынгтæй æппынæдзух змæлд кæм ис, уыдонæй иу у Æрыдойнаг уынг. Æрвылбон ыл хæдтулгæтæ цæуынц мингӕйттӕй. Раздæр шофыртӕн зынгомау уыд. Хъыгдæрттой сæ дзыхъхъытæ. Бæрæггæнæн хæххытæ дæр уыдысты хæлд. Фарон уавæр зынгæ фæхуыздæр. Сцалцæг кодтой фæндаджы 3 километры æмæ сног кодтой инженерон комуникацитæ. Ног асфальт ма скодтой Къостайы проспекты иу хайыл. Раивтой трамвайы фæндæгтæ дæр. Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгты национ проекты республикæ архайы 3 азы дæргъы. Уæдæй нырмæ 140 объектыл сног кодтой фӕндӕгты 220 километры. Егъау нысæнттæ сӕ размӕ сæвæрдтой ацы аз дæр. Фæнд кæнынц 40 километрæй фылдæр республикон фæндæгтæй раивын, 20 километры та горæты. Уымæй уæлдай, базилдзысты хæдзæрттæм бацæуæнтæм, транспорты æрлæууæнтæм æмæ къахвæндæгтæм. Сæйрагдæр у фæндæгты æдасдзинад. Уый тыххæй сыл, регионалон проекты фæлгæты, æвæрынц фотовидеоцӕстдарӕн камерӕтӕ. Уыдон хæдархайгæйӕ фæндаггон змæлды фæткхæлдтæ бæрæг кæндзысты. Фæндæгтæ æрмæст национ проекттæм гæсгæ нæ цалцæг кæнынц. Зилынц сæм федералон æмæ регионалон программæты æххуысæй дæр. Дарддæр фæнд кæнынц Джызæл – Хъæрмæдон – Дæргъæвс – Дзуарыхъæу фæндагмæ базилын. Уый ӕфхӕрд ӕрцыд Хъолайы ихын зӕйрацыдӕй. Проектон-хыгъдон гæххæттæ цæттæ сты. Куыстытæ райдайдзысты ацы аз. Уымæй уæлдай, дарддæр ахæццæ кæндзысты туристон комплекс «Мамысон»-мæ тъунелы рацарæзт. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv