Ног ахуыры аз-ногдзинæдтимæ
Ног ахуыры аз Дзæуджыхъæуы скъоладзаутæм æнхъæлмæ кæсынц ногдзинæдтæ. Раздæр куыд хъусын кодтам, афтæмæй сæрмагонд проект æххæстгæнгæйæ, райдиан кълæсты сывæллæтты ахуыр кæндзысты шахмæттæй хъазын. Федералон паддзахадон ахуырдон стандарт фæлварыны хуызы æххæст кæндзысты Дзæуджыхъæуы 7-æм, 11-æм, 22-æм, 26-æм, 30-æм æмæ 45-æм скъолаты. Хистæркъласонтæ та ахуыр кæндзысты ног предметтæ: «Астрономи», «Финансты зонындзинæдты бындуртæ», «Амалхъомдзинады зонындзинæдтæ». Фидæны, бинонтимæ хорз ахастдзинæдтæ куыд аразын хъæуы, æнгом, фидар æмæ лымæн бинонтæ куыд скæнæн ис, уый та сын амондзысты «Семьеведенийы» урокты. Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путины уынаффæмæ гæсгæ, фæсурокты скъолаты кусдзысты "Саби дуджы" 10 азы программæмæ гæсгæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ног ахуыры аз-ногдзинæдтимæ
Категория:
Новости и СМИ