Национ музейы бæстыхайы дарддæр цæуынц егъау цалцæггæнæн куыстытæ
Национ музейы бæстыхайы дарддæр цæуынц егъау цалцæггæнæн куыстытæ. Кæронмæ фæуыдзысты 2020-æм азы райдиан. Уый тыххæй фехъусын кодтой сæрмагонд æмбырды. Бæстыхайы цалцæггæнæн куыстытæ цы уавæры сты, ууыл æрдзырдтой республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав, хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæ æмæ культурæйы министр Къубалты Эльбрус. Республикæйы сæргълæууæг бахæс кодта æппæт куыстытæ мæйы кæронмæ фæуын. Музейы рацарæзтæн рахай кодтой 97 милуан сомæй фылдæр. Уыдонæй республикон бюджетæй 8 милуан соммæ вввахс. Бæстыхайы æддаг бакаст аив кæнынц, зæронд конструкцитæ ногæй ивынц, зынгсирвæзты ныхмæ системæ æвæрынц. Арæзтадон куыстуаты разамонæг куыд зæгъы, афтæмæй куыстытæ дзуапп дæттынц нырыккон домæнтæн. 200 квадратон метры бындур сæвæрдтой. Куыстытæ дзы иу минут дæр нæ лæууынц. Сæйрагдæр у музейы историон хуыз бахъахъхъæнын. Уымæ гæсгæ бæстыхайы æддаг бакастмæ уæлдай æргом раздахдзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Национ музейы бæстыхайы дарддæр цæуынц егъау цалцæггæнæн куыстытæ
Категория:
Новости и СМИ