Боныхъæды бæрæггæнæнтæ
Цæгат Ирыстоны ацы аз зымæг хъарм кæй уыдис, ууыл адæм ацахуыр сты. Бирæтæ уарзынц хус рæстæг, фæлмæн хур бонтæ. Фæлæ уæ уыцы хъуыды ма фæсайæд. Уæлдæфы температурæ дыууæрдæм кæны. Синоптиктæ куыд зæгъынц, афтæмæй уым диссагæй ницы ис. Цæгат Кавказы зымæджы 9 градусы хъарм арæх вæййы. Абон дæр райсомæй хур ракасти, иу чысыл æртавта, фæлæ йын бирæ на` ахаста. Фæссихор фæтар ис æмæ райдыдта къæвда уарын. Фæлæ синоптиктæ æнæрцæф сты - тагъд, дам, боныхъæд фæивдзæн, зымæг йæ бартæ иучысыл йæхимæ райсдзæн. Уæлдæфы температурæ фæныллæгдæр уыдзæн, райдайдзæн мит уарын. Ахæм боныхъæд ахæсдзæн цалдæр боны. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Боныхъæды бæрæггæнæнтæ
Категория:
Новости и СМИ