Иумæйаг исбонады бындурон цалцæджы республикон программæйы фæлгæты ацы аз базилдзысты 60 бирæфатерон

Иумæйаг исбонады бындурон цалцæджы республикон программæйы фæлгæты ацы аз базилдзысты 60 бирæфатерон хæдзармæ. Се 'хсæн — культурон нысаниуæгимæ объекттæ дæр. Уый тыххæй фехъусын кодтой Парламенты советы æмбырды. Дзуапдæттæг министр Таматы Майрæн куыд фæнысан кодта, афтæмæй регионы цалцæджы фæдыл программæтæ æххæстгонд цæуынц 16 азы дæргъы. Уыцы æмгъуыдмæ базылдысты мин объектмæ. Æдæппæтæй рады уыд 2,5 мин бирæфатерон хæдзары. Уый у 2,5 млн квадратон метры 3 млрд 304 млн сомæн. Ныр æнцонвадат уавæрты цæры 100 адæймаджы. Программæ ахæсдзæн 2038-æм азмæ. Æххæстгонд цæудзæн фиддонты бæрцмæ гæсгæ. Районты 'хсæн куыд раздæр, афтæ ныр дæр раззагдæр у Мæздæджы. Ам фиддонтæ æххæст кæнынц цæрджыты 95%. Парламенты сæрдар Тускъаты Таймуразы ныхæстæм гæсгæ, иннæ районтæн сæ уавæр у хуыздæрцух. Æмткæй райсгæйæ сæ хæс у 1,5 млрд сомы. Спикер бабар кодта, цæрджытæм æмбæлгæ информаци куыд раздæр хæццæ кæнын. Æмбарын сын кæнын, цæмæн у ахсджиаг хæстæ фидын. Ныхас ма цыд республикæйы хъæууон хæдзарады къабазы паддзахадон программæтæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл.

Иконка канала IRYSTONTV
1 461 подписчик
12+
21 просмотр
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии