Æрдзон фыдæх

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

Уæвгæ адæм ахæм æнтæф рæстæджы арвмæ арæхдæр райдайынц кæсын. Вæййы афтæ, æмæ тæвд бонты фæстæ арв уыцы-иу минутмæ цыхцырæг фесты æмæ бæстæ доны лæсæнты бын фæвæййы. Раст афтæ рауад Краснодары крайы дæр. Ивгъуыд фæлладуадзæн бонты сæ их ныххоста. Ныртæккæ цы кадртæ уынут, уыдон систой æрдзон бæллæхы æнæнхъæлæджы `вдисæнтæ. Арвы дуар фегом цалдæр районы сæрмæ. Фæмард иу адæймаг, уæззау цæфтимæ рынчындæттæм бахаудысты дыууæйæ. Хуымзæххыты 60 мин гектарæй фылдæрæй ницыуал пайда ис. Раст сæ цыма ногæй бахуым кодтой, афтæмæй лæууынц. Рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, зæхкусджытæн æрдзон фыдбылыз зиан æрхаста иу миллиард æмæ 500 милуан сомы аргъ. Хуыздæр уавæры не сты адæмы хæдзæрттæ дæр. Сæ сæртæй сыхырнатæ рауад. Фæцагъды сты хæдзарон фос, цæхæрадæттæй цъыфы змæстытæ рауад, дыргъбæлæстæй та æрмæст хихтæ аззад. Хи хæдтулгæйыл чи бахауд уарыны бынмæ, уыдонæн айчы йас ихтæ се `вгтæ базгъæлæнтæ кодтой. Уæдæ се `фсæн хæйттæ дæр равдисынмæ нал бæззынц. Хъыгдард баййæфтой адæмæн электрон тых æмæ газ дæттыны системæтæ. Тимашевскы районы цæрынæн кæй хæдзæрттæ нал бæззынц, ахæм бинонтæй 12 рæстæгмæ раивтой фысымуатмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Æрдзон фыдæх

Категория:

Новости и СМИ