Дзанайты Барис æмæ экономикон райрæзты министрады минæвар Игорь Храновский дзырдтой республикæйы
Абон ма хицауады æрдзырдтой Цæгат Ирыстоны промышленнон куыстуæтты райрæзты гæнæнтыл. Ныхас цæуы, куыстлæуд кæнæ чысыл ифтонггонд чи сты, фæлæ инвестицион рæзты фæдæттæ кæм ис, ахæмтыл. Дзанайты Барис фембæлд Уæрæсейы экономикон райрæзты министрады департаменты директор Игорь Храновскиимæ. Бон раздæр делегаци бабæрæг кодта республикæйы егъау промышленнон фæзуæттæ – заводтæ «Рокос», «Топаз», «Крон», Дзæуджыхъæуы вагæттæ цалцæггæнæн завод, «Электроцинк»-ы фæзуат. Дарддæр кусæг балцæн хатдзæгтæ скодтой. Промышленнон куыстуæттæн æххуысыл ныхас цыд кусæг къордимæ æмбырды дæр. Дзуапдæттæг кусджытæ æмæ промышленнон фæзуæтты разамонджытæ æркастысты паддзахадон æххуысы мадзæлттæм.