Терроризмы ныхмæ къамис æмæ цæгат ирыстоны оперативон штабæн уыд иумæйаг æмбырд
31-æм декабрæй - 9-æм январмæ Мидхъуыддæгты министрады хи сконд радхæссæн мадзæлттæ фæфылдæр кæндзæн. Республикæйы цæрджыты æдасдзинадæн дзуапп дæттдзысты 4 мин барадхъахъхъæнæгæй фылдæр. Уыимæ ма Уæрæсейы гварди æмæ адæмон дружинæты бархионтæ. Уый тыххæй ныхас кодтой Терроризмы ныхмæ къамис æмæ Цæгат Ирыстоны оперативон штабы иумæйаг æмбырды. Разамынд ын лæвæдта республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Æмбырды куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй Ног азы бæрæгбоны сæйраг мадзæлттæ ацæудзысты Дзæуджыхъæуы. Архайдзысты дзы куыд хистæр, афтæ кæстæр кар адæймæгтæ. Бæрæгбоны мадзæлттæ ацæудзысты республикæйы районты дæр. Битарты Вячеслав бахæс кодта барадхъахъхъæнæн оргæнтæн æмæ муниципалон скондты сæргълæуджытæн уæлдай фылдæр æргом аздахын адæмы æдасдзинады фарстатæм, цæмæй бæрæгбоныл куыд æмбæлы, афтæ сæмбæлой. Æмбырды куыд радзырдтой, афтæмæй ныртæккæ Цæгат Ирыстоны æдасдзинады уавæр зæрдæхсаинаг нæу, профилон уагдæтты кусджытæ æнæнрынцайгæйæ æмархайд кæнынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Терроризмы ныхмæ къамис æмæ цæгат ирыстоны оперативон штабæн уыд иумæйаг æмбырд
Категория:
Новости и СМИ