Хуссарирыстойнаг хæрздæф мыды райрæзты сусæгдзинæдтæ
Хуссар Ирыстоны йæ тæмæны бацыд мыд æмбырд кæныны рæстæг. Нæ дарддæры æрмæджы хъайтар та уымæн æвдисæн у. Кæны мыдыбындзыты куыст. Йæ мыдычыргъæдтæ сты бирæ, 200-йæ фылдæр. Иу хаттæн мыд æрымбырд кæны 800 килограммы бæрц. Цхуырбаты Леонид мыды чыргъæдтæ дары 40 азæй фылдæр.Цæвиттон, мыдыбындзытæ рагæй уарзы, суанг йæ сабийы бонтæй. Æнцон дарæн не 'сты, хъæуы сын тынг бирæ тыхтæ æмæ хъару. Фæлæ уыцы куыст бирæ уарзы æмæ зындзинæдтæй нæ тæрсы. Æрыгон уæвгæйæ, Леонид йæ размæ сæвæрдта нысан, зæгъгæ, æнæмæнгæй дардзæн мыдыбындзынтæ. Ныртæккæ йæм ис 200 мыдычыргъæдæй фылдæр. Алы мыдыбындзы мыггаджы дæр цæры иу мадæл, уым та 35 мины мыдыбындзы. Алчидæр дзы кæны йæхи сæрмагонд куыст. Нæ сюжеты хъайтар - Леонид, иу сезонмæ æрæмбырд кæны 800 килограммы бæрц мыд. Йæ ныхæстæм гæсгæ, мыд сисын хъæуы, бындзытæ йæ сæхæдæг куы бахгæной, уæд. Иу сезонмæ мыд райсынц цалдæр хатты. Фæлæ боныхъæдæй дæр бирæ аразгæ у. Стæй ма мыд цавæр бынаты ис, уый дæр. Зæгъæм, быдыры цы мыд æмбырд цауы, уый хъæздыг у дзæбæхгæнæн микроэлементтæй æмæ витаминтæй. Уыгæрдæны мыд та у хæрздæф æмæ адджын. Ныртæккæ мыды продукци бирæ у, йæ реализаци та тынг зын. Леонидмæ бирæ мыдыбындзытæ ис, æмæ зындзинæдтæ æййафы. Мыд афтæ æнцонтæй нæ ауæй кæндзынæ. Леониды сæйраг нысан - дарддæр мыдыбындзыты куыст кæнын. Уый йæхиуыл æнæауæрдгæйæ архайы, цæмæй йæ мыд хуыздæр уа. Æххæст кæны нырыккон техникон домæнтæ, агуры ног методтæ. Куыд нын радзырдта, уымæ гæсгæ, æлхæнджытæ хъуамæ разыйæ баззайой, йæ мыдæй йын куы балхæной, уæд. Уый Леонидæн у йæ сæйраг хæстæй иу. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуссарирыстойнаг хæрздæф мыды райрæзты сусæгдзинæдтæ
Категория:
Новости и СМИ