Мæздæджы хæдзар-интернат

2 тыс. подписчиков

12+
12+

44 просмотра

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

Мæздæджы хæдзар-интернат

2 тыс. подписчиков

12+
12+

44 просмотра

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

44 просмотра

3 года назад

«Зæрондырдæм дæхи зивæг æмæ æвдӕлон бадтӕй хиз». - кæддæр загъта Цицерон. Нæ дарддæры æрмæджы хъайтартæ та йын, цыма раст йæ амынддзинæдтæ æххæст кæнынц, уыйау. Сæ рæстæг æрвитынц цымыдисæй æмæ пайдаимæ. Уый тыххæй сын æппæт уавæртæ дæр ис — сфæлдыстадон мадзæлттæ, экскурситæ, культурæйы хæдзаримæ æмархайд. Сæйрагдæр та — æппынæдзух медицинон æркаст. Мæздæджы хæдзар-интернаты тыххæй нæ дарддæры æрмæг. Сæ бон райдайы сфæлдыстадон архайдæй: цæрæгойты нывтæ æлыгæй кæнын, музыкалон инструменттыл цæгъдын, спектакльтæ æвæрын. Уымæ гæсгæ карджын адæм рохгæнаг не сты. Сихорафон та лото, караоке, дзырдбыд — хиирхæфæсæн мадзæлттæй цух не 'ййафынц. Йе 'нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыцы хистæрæн та чысыл æрмадз саразынц йæ сынтæджы раз. Социалон адаптацийæн хиирхæфсæн мадзæлттæ пайда сты. Иугæндзонон низтæ кæмæ ис, уыдонæн цæмæй сæ уавæр ма фæкарздæр уа, уый тыххæй сæм æппынæдзух ис медицинон æркаст: иртæстытæ æмæ терапи. Уæдæ хостæ нуазыны хъуыддагмæ дæр — цæстдард.  Уымæн дзуапп дæттынц медицинон хотæ. Æнцонвадат уавæртæ скæнын æппæтæй сæйрагдæр у. Уæдæ хæринæгтæ дæр сты пайдаджын, боны дæргъы — 6 хæрды. Алы адæймагмæ дæр сæрмагонд цæстдард: йæ диагнозмæ гæсгæ йын цæхджын хæринæгтæ хæрæн ис ӕви нӕ,  дæлахсæны рæзынæджы низ кæнæ аллерги йæ тыхсын кæны æви нæ. Ам хистæртæн кад кæнынц, æрмæст домæнтæм гæсгæ нæ, фæлæ ма æгъдаумæ гæсгæ дæр. Хæдзар-интернаты истори райдыдта 2010 азы. Хуымæтæг, дыккаг хатт уæйгонд цæрæнуат. Фæлæ бæстыхай бындуронæй сцалцæг кодтой, йæ пълан ын баивтой, бауагътой йæм, горæты ацы районы нырма иунæг, централон канализаци. Ныр Мæздæджы, æппынæдзух узæлын кæуыл хъæуы, уыцы хистæртæн ис бынат. Интернаты ахстуат гыццыл у. Цӕрджытӕн  дзы бынӕттӕ  ис æрмæст 20. Йæ разамынд куыд зæгъы, афтæмæй сæм ис бæллиц — ноджыдæр ма иу бæстыхай саразын. Йæ зæрдæйы хъарм та ам карджын адæймагæн ничи бавгъау кæндзæн.

, чтобы оставлять комментарии